11 Фӕлӕ уыдоны хъусын нӕ фӕндыди, се ’ргом Мӕ аздӕхтой, сӕхгӕдтой сӕ хъустӕ.
Дунедарӕг Менассиа ӕмӕ йӕ адӕмы рагацау бахизыныл архайдта, фӕлӕ Йӕм нӕ хъуыстой.
Дӕ коммӕ нӕ бакастысты, цы диссӕгтӕ сын сарӕзтай, уыдон сӕ ферох сты. Хивастӕй сӕхицӕн равзӕрстой фӕтӕджы, цӕмӕй фӕстӕмӕ аздӕхой Мысырмӕ ӕмӕ цагъартӕ суой. Фӕлӕ Ды дӕ барон, фӕлмӕнзӕрдӕ, уарзӕгой, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕрзаудӕнгӕнаг Хуыцау — Ды сыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.
Сызмӕстой ӕмӕ ралӕууыдысты Дӕ ныхмӕ, Де ’Гъдауӕй Дын се ’ргом аздӕхтой. Уӕ Хуыцаумӕ скӕсут, зӕгъгӕ, Дӕумӕ раздӕхыны тыххӕй сын чи лӕгъстӕ кодта, Дӕ уыцы пехуымпарты марыныл нӕ ауӕрстой, Дӕуыл цъыф калыныл нӕ ауӕрстой.
Фӕдзӕхстай сӕ, цӕмӕй сӕ Де ’Гъдаумӕ раздахай, фӕлӕ-иу уыдон хиваст уыдысты ӕмӕ нӕ хъуыстой Дӕ фӕдзӕхстытӕм, афтӕмӕй та Дӕ уагӕвӕрдтӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн царддӕттӕг сты. Хиваст ӕмӕ нӕсӕттон уыдысты, хъусын сӕ нӕ фӕндыди.
Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Бирӕ ма Мын нӕ уисӕн кӕндзынӕ? Ауадз Мын Мӕ адӕмы, ӕмӕ Мӕм бакувой.
Уый сын раздӕр дзырдта: «Ацы ран уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнцой, уадз ӕмӕ фӕллад адӕм баулӕфой. Ацы ран у ӕнцойы бынат». Фӕлӕ Йӕм уыдон нӕ байхъуыстой.
Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, хивастытӕ, йӕ амондӕй дардмӕ чи лидзы, уыдон:
Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн, бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн, цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной, хъусӕй ма фехъусой ӕмӕ зондӕй ма бамбарой, цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой».
Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, сӕргӕвддзысты уӕ фосау! Уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз сидтӕн, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат, дзырдтон, фӕлӕ сымах нӕ хъуыстат, ӕнӕуынон Мын цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдоныл бафтыдыстут».
Сӕ фыдӕлты Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ бафӕндыд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл сты ӕмӕ сын лӕггад кодтой. Адон дӕр сын фӕзмынц сӕ фыдракӕндтӕ. Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой».
Ацы ’взӕр адӕмы Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕнды, хивӕндӕй цӕрынц, ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувынц, лӕггад сын кӕнынц ӕмӕ ацы ронау ницӕмӕнуал сбӕздзысты.
Уыдон Мӕм нӕ хъуыстой, хивӕндӕй цардысты, Мӕ зондамынд Мын ницӕмӕ дардтой.
Куынӕ Мӕм байхъусат, сабатбон уын уаз куынӕ уа ӕмӕ уыцы бон Йерусалимы кулдуарыл уӕ уӕргътимӕ куы цӕуат, уӕд Ӕз ацы кулдуар басудздзынӕн, ӕмӕ уыцы ӕнӕ ахуысгӕ арт Йерусалимы галуантӕ иууылдӕр бабын кӕндзӕн».
«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахарӕн ӕмӕ, йӕ дӕлбар цы сахартӕ ис, уыдоны цӕрджытӕн цы бӕллӕхтӕ снысан кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ хивӕнд сты, Мӕ ныхӕстӕм Мын нӕ хъусынц».
Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.
Йӕхи дӕр, стӕй йӕ байзӕддӕгтӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты дӕр Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн. Ӕз уыдонӕн, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, цы бӕллӕхтӕй сӕм ӕртхъирӕн кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм нӕ хъуыстой“».
«Дунедарӕджы номӕй нын ды цытӕ дзурыс, уыдӕттӕм нӕ хъусдзыстӕм.
Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!
О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!
Фӕлӕ уыдон нӕ байхъуыстой, хивӕнд ӕмӕ нӕсӕттон уыдысты, се ’ргомы бӕсты Мӕм сӕ чъылдым раздӕхтой.
Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, хивӕнд уыдыстут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут.
Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се ’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй.
Израилы адӕм бамбарӕнт, сӕ гуымирыты аххосӕй Мын ӕцӕгӕлӕттӕ кӕй систы, уый“.
Израилы адӕмы та нӕ бафӕнддзӕни дӕумӕ байхъусын, уымӕн ӕмӕ Мӕ коммӕ нӕ кӕсынц — Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр хивӕнд ӕмӕ къӕйных сты.
Фӕлӕ уый, Мӕ амындтыты ныхмӕ рацӕугӕйӕ, муртаттӕгтӕй ӕмӕ, йӕ алыварс цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕй фыддӕр фӕци, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ се ’ргом аздӕхтой Мӕ амындтытӕй, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кӕнынц».
Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.
Къӕйных дыгӕрдыгӕй уӕлдай коммӕ куынӕуал кӕсы Израил, уӕд ма сӕ Дунедарӕг уӕрыччытау парахат уыгӕрдӕны куыд хиза?
Никӕмӕ хъусы, йӕхи атигъ кӕны зондамындыл, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ нӕ дары ӕмӕ йӕ Хуыцаумӕ нӕ кувы.
Уӕ фыдӕлты хуызӕн ма ут, раздӕр цы пехуымпартӕ уыди, уыдон-иу сын дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдбылызы хъуыддӕгтӕ ныууадзут“. Фӕлӕ Мӕм уыдон нӕ хъуыстой.
Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты, хъусӕй зынтӕй хъусынц ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма феной, хъусӕй дӕр ма фехъусой ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма бамбарой, се ’ргом Мӕм ма раздахой ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон“.
Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.
Уӕд уыдон иууылдӕр иумӕ ныхъхъӕр кодтой, сӕ хъустӕ ахгӕдтой ӕмӕ йыл ӕмхуызонӕй сӕхи ныццавтой.
Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.