1 Паддзах Дарий цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фарӕстӕм мӕйы цыппӕрӕм бон, кислевы мӕйы, Дунедарӕг Захариайӕн фехъусын кодта йӕ ныхас.
Хакалиайы фырт Неемиа загъта. Кислевы мӕйы, Артаксеркс ссӕдзӕм аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд, ӕз уыдтӕн Шушаны сахары фидары, ӕмӕ мӕм ме ’фсымӕртӕй иу, Ханани, цалдӕр иудейагимӕ ’рбацыди. Ӕз сӕ бафарстон, уацары чи нӕ уыди, уыцы иудейӕгтӕй ма ӕгас чи уыди, уыдоны, стӕй Йерусалимы тыххӕй.
Дарийы паддзахдзинадыл дыккаг аз куы цыди, уыцы заман, фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, Дунедарӕг пехуымпар Аггеймӕ раргом ис:
Фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон Дунедарӕг дыккаг хатт Аггейӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта:
Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ӕстӕм мӕйы Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:
Дунедарӕг мын загъта: