14 Кадыхуд баззайдзӕни Дунедарӕджы Кувӕндоны, Хелем, Товиа, Иедаи ӕмӕ Софониайы фырт Хены сгуыхтдзинад зӕрдыл дарынӕн.
Невузардан ӕрцахсын кодта алчер Серайы, стӕй уымӕн йӕ хӕдивӕг Софониайы ӕмӕ ма ноджы кулдуары цур хъалагъур хӕссӕг ӕртӕ лӕджы.
Уыцы бон уын мысӕн бонӕй баззайӕд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы кадӕн. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.
ӕмӕ сӕ бафидар кӕн ефоды уӕхскбостыл. Уыцы дуртӕ — Израилы фыртты мысынӕн. Аарон сын Дунедарӕджы раз сӕ нӕмттӕ хӕссӕд йӕ дыууӕ уӕхскыл — мысынӕн.
Аарон, Уаз Цӕрӕнмӕ цӕугӕйӕ, йӕ риуыл — риуылдарӕныл — хӕссӕд Израилы фыртты нӕмттӕ, Дунедарӕджы раз сӕ ӕнӕсцухӕй мысыны охыл.
«Уацарӕй чи раздӕхти, уыдонӕй — Хелдай, Товиа ӕмӕ Иедаийӕ — мысайнӕгтӕ райс ӕмӕ уайтагъд ацу Софониайы фырт Йосиайы хӕдзармӕ, уыдон уырдӕм ӕрбацыдысты Вавилонӕй.
Ӕвзист ӕмӕ сӕ сыгъзӕрин райс, сараз кады худ ӕмӕ йӕ ’ркӕн стыр алчер Йешуайы сӕрыл, Иоцадакы фыртыл.
Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Уыцы ӕмбӕрзӕны нысан — израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куыд дарой: Аароны байзӕддӕгты йеддӕмӕ Дунедарӕджы раз буд судзынмӕ чи бацӕуа, ууыл Корах ӕмӕ йӕ хъузӕтты бон акӕндзӕн.
Ӕмӕ сыгъзӕрин райстой Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕй ӕмӕ йӕ, израилӕгтӕ Дунедарӕджы сӕ зӕрдыл кӕй дарынц, уый нысанӕн Фембӕлды Цатырмӕ бахастой.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фарны Уац ӕппӕт дунейы кӕмдӕриддӕр айхъуыса, уым-иу, ацы сылгоймаджы ӕрымысынӕн, цы сарӕзта, уый кой ракӕндзысты».
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фарны Уац ӕгас дунейы кӕмдӕриддӕр айхъуыса, уым ацы сылгоймаджы ӕрымысынӕн, цы сарӕзта, уый тыххӕй загъдӕуыдзӕн».
Корнелий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Бардарӕг?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.
уӕд сын дзуапп дӕтдзыстут: „Дунедарӕджы Фидыды Чырын Иорданыл куы фӕцӕйхызт, уӕд дон йӕ разы уӕлӕрдыгӕй ауӕзтау ӕрлӕууыд. Уыйадыл ацы дуртӕ израилӕгтӕн сты ӕнустӕм зӕрдылдарӕн“».
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!