Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 5:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон: кӕцӕйдӕр фӕзындысты дыууӕ базырджын сылгоймаджы. Сӕ базырты мидӕг уыди дымгӕ, сӕ базыртӕ — кӕсагласы базыртау. Мигӕнӕн фелвӕстой ӕмӕ йӕ уӕртӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕу фӕхӕссынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 5:9
9 Iomraidhean Croise  

Уӕд сын сӕ разӕй Йе ’взӕрст лӕджы арвыста: цагъары номыл уӕй ӕрцыд Йосеф.


Къадз дӕр ма арвыл йӕ рӕстӕг зоны, бӕлон, зӕрватыкк ӕмӕ хърихъупп дӕр зонынц се ’ртӕхыны афон. Мӕ адӕм та Дунедарӕджы ’гъдӕуттӕ нӕ зонынц!


Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме ’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты.


Мӕргътӕй та ӕлгъ кӕнут мӕнӕ адоныл (хӕрӕн сӕ нӕй, ӕлгъаг сты): цӕргӕс, саубоцъо цӕргӕс, сау гриф,


къадз, кӕсаглас, дыгоппон, хӕлынбыттыр.


Уӕд ӕз, мемӕ чи дзырдта, уыцы Зӕды бафарстон: «Кӕдӕм фӕхӕссынц мигӕнӕн?»


Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты хӕдмӕлхор мӕргътӕ дӕр.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan