Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 5:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Зӕд мын загъта: «Уыцы сылгоймаг у ӕнӕрастдзинад». Мигӕнӕны арфмӕ йӕ фехста ӕмӕ та мигӕнӕн йе ’рхуы сӕрӕй сӕхгӕдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 5:8
11 Iomraidhean Croise  

Дӕ байзӕддӕгтӕн ӕрмӕст сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм, уымӕн ӕмӕ аморӕгты тӕригъӕдтӕ фаг нӕма сбирӕ сты».


Мӕ зӕрдӕ сыгъди мӕ риуы, мӕ хъуыдытӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ фестадысты, ӕмӕ уӕд райдыдтон дзурын:


Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.


Мӕ тӕригъӕдтӕй сарӕзта ӕфсондз, — Йӕхи къухӕй йӕ сбыдта! Мӕ бӕрзӕйыл мын уӕз кӕны, ӕмӕ фӕкӕлын ӕз ӕдыхӕй. Кӕй къухтӕм радта Дунедарӕг мӕн, ӕз уыдонӕй куыд ратонон мӕхи?


Хананейаг йӕ сайаг тӕрӕзтимӕ уарзы ӕфхӕрын,


Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.


Сайаг тӕрӕзтӕ ӕмӕ фӕливӕг уӕзбарӕнтӕ Ӕз куыд хъуамӕ банымайон растыл?


Уалынмӕ мигӕнӕны ӕрхуы сӕр хӕрдмӕ ссыди, ӕмӕ мӕнӕ мигӕнӕны бады сылгоймаг.


Уӕдӕ бафтаут уӕ фыдӕлты азымыл.


Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan