5 Мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕд фӕзындис ӕмӕ загъта: «Скӕс-ма хӕрдмӕ, акӕс-ма, уый цы рацӕйзыны?»
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Акӕс-ма цӕгатӕрдӕм». Ӕз акастӕн цӕгатӕрдӕм ӕмӕ нывондхӕссӕны кулдуары цур цӕгатӕрдыгӕй федтон, бацӕуӕны тӕккӕ раз чи лӕууыд, уыцы зӕрдӕхсайды гуымирыйы.
Ӕмӕ мын уӕд, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый загъта: «Фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ маст рафыхти Йерусалим ӕмӕ Сионы знӕгтӕм,
Ӕмӕ, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Цы сты адон та?» Уый мын дзуапп радта: «Уыдон сты, Иудей, Израил ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты алы бӕстӕты цы сыкъатӕ ныххӕлиу кодтой, уыдон».
Ӕз сдзырдтон: «Ме ’лдар, чи сты уыдон?» Мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый мын дзуапп радта: «Ӕз дын равдисдзынӕн, чи сты, уый».
Уалынмӕ фӕзынди, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕд. Йӕ размӕ ’рбацӕйцыд ӕндӕр зӕд,
Мемӕ цы зӕд дзырдта, уый мын загъта: «Нӕ йӕ зоныс, цы у?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Нӕ зонын, ме ’лдар».