2 Зӕд мӕ бафарста: «Цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Тухгӕ чиныг ӕрбатӕхы уӕлдӕфы: йӕ дӕргъ — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕлмӕрины».
«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.
Дунедарӕг мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Ауыгъд зды». Дунедарӕг мын загъта: «Рӕхджы Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, астӕу ауыгъд зды сӕвӕрдзынӕн; нал сын ныббардзынӕн.
Дунедарӕджы тӕрхоны бон ӕрӕввахс! Ралӕудзӕни тагъд! Ныридӕгӕн йӕ уынӕр хъуысы! Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд суанг хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр ныдздзыназдзысты!
Бафарста мӕ: «Цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Уынын сыгъзӕрин цырагъдарӕн, йӕ цъуппыл — сойы кӕхц, уый сӕрмӕ — авд цырагъы, алы цырагъыл дӕр — авд хӕтӕлы.
Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.
Уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ схӕццӕ сты уӕларвмӕ, Хуыцауӕй нӕ ферох сты йӕ фыдракӕндтӕ.