11 Уый мын дзуапп радта: «Шинары зӕххыл ын хъуамӕ хӕдзар саразой. Алцыдӕр куы ’рцӕттӕ кӕной, уӕд ӕй уым, кӕм ӕмбӕлы, уыцы ран сӕвӕрдзысты».
Нимроды паддзахадмӕ хаудтой раздӕр Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Калне, се ’ппӕт дӕр — Шинары зӕххыл.
Скӕсӕнӕрдӕм цӕугӕйӕ, адӕм бахӕццӕ сты Шинары зӕххыл иу дӕлвӕзмӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты.
Уыцы заман Шинары паддзах Амрафел, Елласары паддзах Ариох, Еламы паддзах Кедорлаомер ӕмӕ Гоимы паддзах Тидал
Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.
Уый нӕм Вавилонмӕ афтӕ куы фыста, уӕ уацары рӕстӕг бирӕ ахӕсдзӕн, уӕхицӕн хӕдзӕрттӕ аразут ӕмӕ дзы цӕрут, дыргъдӕттӕ саразут ӕмӕ сын сӕ дыргътӕй хӕрут, зӕгъгӕ“».
Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.
Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.
Уӕд ӕз, мемӕ чи дзырдта, уыцы Зӕды бафарстон: «Кӕдӕм фӕхӕссынц мигӕнӕн?»
Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.
уӕд Дунедарӕг сымахыл дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтыл дӕр стыр бӕллӕхтӕ ӕруадздзӕн, ӕмӕ сын кӕрон нӕ уыдзӕн, уӕззау ӕмӕ, бирӕ чи хӕссы, ахӕм низтӕ уыл ӕфтаудзӕн ӕдзухдӕр.