Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 4:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 О, бӕрзонд хох! Ды чи дӕ Зоровавелы раз? Быдырӕй уӕлдай ницы дӕ йӕ цуры. Уый рахӕсдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, адӕм та хъӕр кӕндзысты: „Фарны дур нын фестӕд!“»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 4:7
38 Iomraidhean Croise  

Аразджытӕ Дунедарӕджы хӕдзары бындур куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд сауджынты сӕ уазлӕггады дарӕсты, хӕтӕлтимӕ, стӕй левитты, Асафы байзӕддӕгты, цимбалтӕ сӕ къухы, афтӕмӕй сӕ бынӕтты ӕрлӕууын кодтой, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы паддзах Давид куыд амыдта, афтӕ.


Уӕд ӕз Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг, бахиз мын мӕ уд!»


Ӕнӕхинтыл Йӕ арм дары Дунедарӕг, ӕз бастадтӕн, ӕмӕ мӕ Уый фервӕзын кодта.


Хынджылӕггаг ӕмӕ мын аллайаг ма фӕкӕн мӕ сӕр, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын.


Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.


Ӕз уӕ сарӕзтон найгӕнӕн дзоныгъ, цыргъдӕндагджын, ӕмӕ банай кӕндзыстут, ныххафдзыстут хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, рыг сӕ фестын кӕндзыстут.


О сафӕг хох, Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕгас зӕхх сӕфтай, ӕмӕ дӕм ныр Ӕз Мӕ къух систон. Къӕдзӕхты сӕрӕй дӕ раппардзынӕн, сау ӕвзалы чи баци, ахӕм хох дӕ фестын кӕндзынӕн.


Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты.


Фӕстаг заман куы ралӕууа, уӕд, Дунедарӕджы Хӕдзар цы хохыл лӕууы, уый суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуыбыртӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн, адӕмтӕ йӕм агуылф кӕндзысты.


сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.


Дунедарӕг Мын загъта:


«Ацы хӕдзарӕн бындур Зоровавелы къухтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ дӕр сараздзысты йӕ къухтӕ. Уӕд базондзынӕ, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ дызӕрдыг куынӕ кӕнат, уӕд, Ӕз ацы легъуи бӕласӕн цы сарӕзтон, канд уый нӕ бауыдзӕн уӕ бон: суанг мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат, фӕхицӕн у зӕххӕй ӕмӕ денджызы дӕхи баппар, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ уыдзӕн.


Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?


Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут, ӕви: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур.


Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ Сыгъдӕг Фысты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ цы амонынц: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур“?


Алы дӕлвӕз дӕр уӕлӕмӕ схӕцӕд йӕхиуыл, алы хох ӕмӕ алы къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕд, гакъӕттӕ сӕмраст уӕнт ӕмӕ гуыргъахъхъ фӕндӕгтӕ сӕмлӕгъз уӕнт.


Уый у, „сымах, аразджытӕ, кӕуыл нӕ барвӕссыдыстут, фӕлӕ фисыны сӕйраг дур чи сси“.


Ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕд Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сӕвзӕрста, уӕд сӕ хъуыддӕгтӕ нымад не сты, науӕд хорзӕх нал уаид хорзӕх.


Сымах дӕр лӕуут, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй сарӕзтой, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг кӕмӕн у, уыцы бындурыл.


Уӕдӕ Уый сымахӕн, уырнджытӕн, хӕзна у, ӕнӕуырнджытӕн та — «аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур»


Сакъадӕхтӕ цыдӕр ӕрбаисты, хӕхтӕ дӕр фӕтары сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan