5 Мемӕ цы зӕд дзырдта, уый мын загъта: «Нӕ йӕ зоныс, цы у?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Нӕ зонын, ме ’лдар».
Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».
Хъалтӕ мын мӕ развӕндагыл сӕвӕрдтой къӕппӕджытӕ, ахсӕн хызтӕ ӕрытыдтой.
Паддзах, ӕз дунейы ӕппӕтӕй зондджындӕр нӕ дӕн. Ацы сусӕгдзинад мын уымӕн раргом ис, цӕмӕй дын дӕ фын райхалон, ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уый бамбарай.
Ӕз сдзырдтон: «Ме ’лдар, чи сты уыдон?» Мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый мын дзуапп радта: «Ӕз дын равдисдзынӕн, чи сты, уый».
Мемӕ цы зӕд дзырдта, уый ногӕй мӕ разы февзӕрдис ӕмӕ мӕ райхъал кодта, адӕймаджы йӕ фынӕйӕ куыд фехъал кӕнынц, афтӕ.
Уый мӕ бафарста: «Нӕ йӕ зоныс, цы сты, уый?» Ӕз дзуапп радтон: «Нӕ зонын, ме ’лдар».
Ӕз, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Уый цы у, ме ’лдар?»
Загъта ма сын: «Кӕд ацы фӕсномыг ныхас не ’мбарут, уӕд иннӕ ӕмбисӕндтӕ та куыд бамбардзыстут?