Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 4:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 4:10
26 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».


Цы суыдзынӕ, уый раз дӕм, раздӕр цы уыдтӕ, уый ницыуал кӕсдзӕн.


Де ’взаджы кӕроныл дӕр хӕрам ныхас макуы абадӕд, мӕнгард ныхас макуы схауӕд дӕ дзыхӕй!


Дунедарӕджы цӕстытӕ алкӕдӕм дӕр кӕсынц: фыдзӕрдӕты дӕр уынынц ӕмӕ, хӕларзӕрдӕ чи у, уыдоны дӕр.


Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;


Сымах хайджын уыдзыстут йӕ ныфсӕй, йӕ фарнӕй, уӕ мондӕгтӕ исдзыстут йӕ бирӕ бӕркадӕй.


Уыдӕттӕ куы бавзарат, уӕд барухс уыдзӕни уӕ зӕрдӕ. Уалдзыгон кӕрдӕг куыд базмӕлы, афтӕ базмӕлдзӕн уе уӕнгты туг». Дунедарӕг Йӕ цагъарты фервӕзын кӕндзӕн Йӕ хъомысджын къухӕй, Йӕ фыдгулты Йӕ азары хай бакӕндзӕн.


Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уынын. Нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ цӕстытӕй нӕ басусӕг кӕндзысты.


Удгоймӕгтӕ дӕр арвӕрттывдау тахтысты дыууӕрдӕм.


Уӕдӕ нӕ уд хъарӕм, Дунедарӕджы базонынмӕ тырнӕм: Уый нӕм раргом уыдзӕн сӕуӕхсидау, фӕзындзӕн нӕм къӕвдайау, зӕххӕн йӕ дойны суадздзӕни тӕрккъӕвдайау».


Уыдон зӕххыл кӕрдӕджы мур нал ныууагътой, ӕмӕ Йӕм ӕз скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ныххатыр кӕн! Куыд аирвӕздзӕн Йаков? Нырма гыццыл у».


Ӕз Ӕм скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Бауром ацы бӕллӕх! Куыд аирвӕздзӕн Йаков! Тынг гыццыл куы у».


„Ацы Кувӕндон уӕ йӕ раздӕры кады исчи ӕрӕййӕфта? Ныр та йӕ цы уавӕры уынут? Бынтон ницы нӕу уӕ цӕсты?


Мӕнӕ ис, Йешуайы раз цы дур сӕвӕрдтон, уый. Ис ыл авд цӕсты. Ӕз ыл, цы фыстытӕ хъӕуы, уыдон скӕрддзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ ацы зӕххы тӕригъӕд иу бонмӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн.


Дунедарӕг рагуацы хуызы хъусын кӕны: Уый ӕрцӕрдзӕн Хадрахы бӕстӕйы, стӕй Дамаскы сахары, ӕппӕт адӕм ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ цӕстӕнгас Дунедарӕгмӕ сараздзысты;


Фӕлӕ цины бӕрӕгбон саразын ӕмбӕлд, уымӕн ӕмӕ де ’фсымӕр уыди мард ӕмӕ райгас ис, уыди сӕфт ӕмӕ фӕзынди“».


Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та — цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уӕрыккӕн уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, ахӕм хуыз. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты — ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.


Ӕмӕ ӕз федтон Хуыцауы раз лӕууӕг авд зӕды; уыдонмӕ лӕвӕрд ӕрцыд авд сыкъауадындзы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan