Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 3:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕз бардзырд дӕттын: йӕ сӕрыл ын сыгъдӕг худ ӕркӕнут». Ӕмӕ йын йӕ сӕрыл сыгъдӕг худ ӕркодтой, дарӕсы йӕ сфӕлыстой. Уыцы рӕстӕг Дунедарӕджы зӕд лӕууыди уым.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 3:5
13 Iomraidhean Croise  

Рӕстдзинад-иу мӕ уӕлӕ дарӕсау ӕркодтон, рӕстдзинад уыд мӕ уӕлӕфтау, мӕ худ.


Йӕ сӕрыл ын ӕркӕн сарыхъ, сарыхъыл та разӕй сӕвӕр уаз уадздзаг.


Уӕд хӕрздӕфы бӕсты сӕ хай суыдзӕни смаг, роны бӕсты — астӕубос, къӕбӕлдзыджы бӕсты — цӕгӕр сӕр, бӕрӕгбоны дарӕсы бӕсты — сӕхъис; рӕсугъддзинады бӕсты — худинаг.


Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.


Сауджынтӕ-иу уырдӕм куы бацӕуой, уӕд-иу уыцы Кувӕндонӕй ма рацӕуӕнт ӕддаг кӕртмӕ, цалынмӕ, уаз куыст цы дарӕсты кодтой, уыдон уым ныууадзой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы дарӕстӕ уаз сты. Скӕнӕнт-иу ӕндӕр дарӕстӕ, ӕмӕ сын уӕд ӕмбӕлдзӕн адӕммӕ рацӕуын».


Дунедарӕджы зӕд Йешуайӕн загъта:


Ӕвзист ӕмӕ сӕ сыгъзӕрин райс, сараз кады худ ӕмӕ йӕ ’ркӕн стыр алчер Йешуайы сӕрыл, Иоцадакы фыртыл.


уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом вӕййынц паддзахы бадӕны Бадӕджы раз ӕмӕ бакувынц ӕнусӕй-ӕнустӕм Цардӕгасмӕ, сӕ кады худтӕ ӕрӕвӕрынц Йӕ паддзахы бадӕны раз ӕмӕ хъӕрӕй фӕзӕгъынц:


Паддзахы бадӕны алыварс — цыппар ӕмӕ ссӕдз паддзахы бадӕны. Уыцы бадӕнты бадтысты цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уыди сыл урс-урсид дарӕс, сӕ сӕртыл та — сыгъзӕрин кады худтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan