Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 2:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 мӕнӕ сӕм Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, ӕмӕ сӕ раздӕры цагъайрӕгтӕн ӕфтиаг суыдзысты. Уӕд базондзыстут, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 2:9
30 Iomraidhean Croise  

Фыдгул ма Новы сахары фӕуыдзӕнис иу бон. Уырдыгӕй ӕртхъирӕн кӕндзӕни Сионы хохмӕ, Йерусалимы бӕрзӕндмӕ.


Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕни Мысыры скӕнсӕнварс денджызы донбакӕлӕн, Йӕ къух сисдзӕн Евфраты донмӕ дӕр, ахӕм тыхджын дымгӕ йыл рауадздзӕн, ӕмӕ йӕ авд суадоны фестын кӕндзӕн, цӕхгӕрмӕ сыл тӕнӕг дзабырты хиздзысты.


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


«Уӕ тырыса сисут гӕмӕх хохы сӕрмӕ, хъӕр сӕм кӕнут, уӕ къухӕй сын ацамонут, уадз ӕмӕ паддзӕхты кулдуарыл бахизой.


Адӕмтӕ сӕ ӕркӕндзысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ сын уым, Дунедарӕджы зӕххыл, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, цагъартӕ суыдзысты. Израилӕгтӕ уацары райсдзысты, кӕддӕр сын сӕхи уацары чи акодта, уыцы адӕмты ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзысты сӕ кӕддӕры ӕфхӕрджытӕн.


Уыцы бон мысырӕгтӕ сылгоймӕгтау ныззыр-зыр кӕндзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм Йӕ къух куы сиса, уӕд.


Уыцы бон Иудейы зӕххыл ахӕм зарӕг сисдзысты: «Нӕ сахар хъомысджын у, фидар! Хуыцау нӕ фервӕзын кодта, сахары алыварс сис ӕмӕ сыджытбыру самайӕгау.


Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг, ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци! Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг, ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци! Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын куынӕуал фӕразай, уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты, дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.


Уыцы сахар фыдгулӕй бахизынӕн нал бахъӕудзӕн йӕ алыварс цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ уӕрӕх къанӕуттӕ кӕнын, Дунедарӕг ӕй хъахъхъӕндзӕн Йӕхӕдӕг. Фыдгулты бӕлӕгътӕ ӕмӕ наутӕй сахармӕ иу дӕр ӕввахс не ’рбацӕудзӕн.


Нӕ бӕстӕ у денджызы науау, йӕ бӕндӕнтӕ — лӕмӕгъ, сӕ бон нал у наухъилтӕ бауромын, наупӕлӕзтӕ ныттынг кӕнын. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ, фыдгултӕй цы бирӕ фӕллой баззайа, уый дихгонд ӕрцӕудзӕн нӕ адӕмыл, суанг ма къуылыхтӕ дӕр райсдзысты се ’фтиаджы хай.


Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ, йӕ алфамбылӕйтты адӕм бӕрӕгбоны охыл кӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынӕтты сӕрмӕ равдисдзӕн, Йӕхӕдӕг уым кӕй ис, уый нысан: боныгон — ӕврагъ, ӕхсӕвы та — фӕздӕг ӕмӕ пиллон арты цӕджындз. Уыцы кады ӕмбӕрзӕн тыгъд уыдзӕн ӕппӕт сахары сӕрмӕ.


Ӕрлӕуут-ма Мӕ разы ӕмӕ байхъусут! Райдианы дӕр Ӕз ӕргом дзырдтон. Уыцы цауты райдианӕй фӕстӕмӕ Ӕз уым дӕн. Ныр мӕ Йӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ ӕрвитынц Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Йӕ Уд.


Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми, гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн. Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг, дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг.


Хур ӕмӕ мӕй нал уыдзысты дӕ рухсгӕнджытӕ, фӕлӕ дын Дунедарӕг Хуыцау уыдзӕни мыггагмӕйы рухс ӕмӕ кад.


Ӕппӕт адӕмтӕ йын лӕггад кӕндзысты, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр, цалынмӕ йӕ зӕххӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ йын лӕггад кӕндзысты.


Пехуымпар-иу рагацау сабырдзинады кой куы скодта, уӕд-иу, Дунедарӕг ӕцӕг кӕй рарвыста, ахӕм пехуымпар кӕй у, уый-иу, ӕрмӕстдӕр йӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст сты, уӕд рабӕрӕг ис».


Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»


Нӕдӕр быдырӕй суг хӕсдзысты, нӕдӕр хъӕды бӕлӕстӕ калдзысты, судздзысты ӕрмӕстдӕр хӕцӕнгӕрзтӕ. Чи сӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты, хӕлӕттаг сӕ чи кодта, уыдоны ныххӕлӕттаг кӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уӕд базондзыстут, Ӕз Израилы ’хсӕн кӕй цӕрын, уый, ӕмӕ Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр хуыцау кӕй никуы ис. Ӕмӕ Мӕ адӕм мыггагмӕ нӕ фӕхудинаг уыдзысты.


Ливаны цы фыдмитӕ фӕкодтай, уыдоны тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзынӕ, фыр тӕссӕй дыл ризӕг бахӕцдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгъатырӕй цӕрӕгойты ныццагътай, ныккалдтай адӕмы туг, ӕнӕхъӕн бӕстӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты ныххӕлӕттаг кодтай.


Бирӕ адӕмты бастыгътай, ӕмӕ дын дӕхи дӕр иннӕ адӕмтӕ афтӕ бастигъдзысты, адӕмы туг кӕй фӕкалдтай, бӕстӕтӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты хӕлӕттаг кӕй фӕкодтай, уый тыххӕй.


Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сомы кӕнын Мӕхицӕй! Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты! Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты, гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ! Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты, уыдоны исбон бауыдзысты.


Дунедарӕг Йӕ тӕрхон аивта, дӕ фыдгулты дын фӕсырдта! Дунедарӕг, Израилы Паддзах, демӕ ис! Нырӕй фӕстӕмӕ дын фыдбылызӕй тас нал у!


Уыцы бон бирӕ адӕмтӕ Дунедарӕгмӕ се ’ргом раздахдзысты ӕмӕ суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн. Уӕд базондзынӕ, дӕумӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: хӕлӕттаг уӕ чи фӕкодта, уыцы адӕмтӕм Мӕ Уый рарвыста Йӕ кадӕн, уымӕн ӕмӕ, сымахыл чи ӕндзӕвы, уый Йӕ цӕсты гагуыйыл андзӕвы:


«Ацы хӕдзарӕн бындур Зоровавелы къухтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ дӕр сараздзысты йӕ къухтӕ. Уӕд базондзынӕ, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.


Адӕм дард рӕттӕй ӕрбацӕудзысты ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндон аразыны хъуыддаджы архайдзысты. Ӕмӕ базондзыстут, сымахмӕ мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый. Уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты, уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куы хъусат, уӕд».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕ хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ дурӕхсӕны дуртыл фӕуӕлахиз уыдзысты, ныццӕгъддзысты сӕ; сӕ уынӕр хъуысдзӕнис, цыма сӕнӕй ныррасыг сты, уыйау; нывондхӕссӕн кӕхцытау, нывондхӕссӕны сыкъатау байдзаг уыдзысты сӕнӕй.


Уый тыххӕй уын Ӕз зӕгъын рагацау, цалынмӕ нӕма ӕрцыд, уӕдмӕ, цӕмӕй сымах, куы ’рцӕуа, уӕд баууӕндат: УЫЙ ӔЗ ДӔН.


Фӕлӕ уын Ӕз адӕттӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй, уыцы заман куы ралӕууа, уӕд уӕ зӕрдыл ӕрлӕууа, Ӕз уӕ рагацау кӕй фӕдзӕхстон, уый. Раздӕр уын ӕй нӕ дзырдтон, уымӕн ӕмӕ Мӕхӕдӕг уемӕ уыдтӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan