7 Дӕхи фервӕзын кӕн, Сионы чызг, Вавилоны чызгмӕ чи ӕрцардис, уый!
Куы сӕ ракодтой, уӕд Лотӕн загътой: «Гъеныр дӕ сӕр бафснай! Фӕстӕмӕ дӕр мауал фӕкӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу! Хӕхты ’рдӕм цӕугӕ, науӕд сӕфыс!»
Дӕ паддзахы бадӕнӕй ӕрхиз, ӕнӕрцӕф ӕхсин Вавилон, ӕмӕ рыджы сбад зӕххыл, Халдейы чызг. Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты тӕнтъихӕг ӕмӕ буцхаст.
Рацӕут Вавилонӕй, лидзгӕ кӕнут халдейӕгтӕй, цинимӕ хъусын кӕнут ацы фарны уац, хӕццӕ йӕ кӕнут зӕххы цъары алы кӕрӕттӕм, дзурут: «Дунедарӕг фервӕзын кодта Йӕ цагъары, Йаковы байзӕддаджы!»
Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй! Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй! Ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут!
Дӕ рыгтӕ ’рцӕгъд ӕмӕ дӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕц, Йерусалим! Дӕ рӕхыстӕ де уӕнгтӕй раппар, Сионы уацайраг чызг!
Лидзгӕут Вавилонӕй! Халдейӕгты зӕххӕй ацӕут ӕмӕ бодзтау уӕ рӕгъӕуттӕн фӕндаг амонут!
О мӕ адӕм, рацӕут Вавилонӕй! Дунедарӕджы стыр мастӕй уӕ удтӕ фервӕзын кӕнут!
Лидзгӕут Вавилонӕй! Фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ, цӕмӕй сымах дӕр йӕ фыдракӕндты тыххӕй ма фесӕфат. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы мастисӕн рӕстӕг ралӕууыд, ӕмӕ Вавилонӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн.
Хъизӕмар кӕн ӕмӕ фыр рыстӕй удхарӕй мӕл, Сионы чызг! Ныр ацӕудзынӕ дӕ сахарӕй ӕмӕ цӕрдзынӕ быдыры. Вавилонмӕ ахӕццӕ уыдзынӕ ӕмӕ уым фервӕздзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ уыцы ран Дунедарӕг де знӕгты къухӕй балхӕндзӕн.
ӕмӕ загъта дзыллӕйӕн: «Дард ацӕут ацы ӕнаккӕгты цатыртӕй ӕмӕ сын сӕ дзаумайӕ дӕр мацӕмӕ бавналут, кӕннод сӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах дӕр бабын уыдзыстут».
Сӕ хъӕрахстмӕ, сӕ алыварс чи уыди, уыцы израилӕгтӕ лидзынмӕ фесты, зӕхх мах дӕр куы аныхъуыра, зӕгъгӕ.
Петр сын дзырдта бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм сидти: «Уӕхи бахизут ацы хӕлд фӕлтӕримӕ фесӕфынӕй».
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.