Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 2:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5-6 Ӕз сахары алыварс ӕхсидгӕ сис фестдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Лидзгӕут цӕгатӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз, дымгӕмӕ фӕйлауӕгау, алы рӕтты ныххӕлиу кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 2:5
28 Iomraidhean Croise  

Нӕ цины хъӕр хъуысти, зарыдыстӕм, махмӕ кӕсгӕйӕ, адӕмтӕ дзырдтой: «Дунедарӕг сын стыр диссаг сарӕзта!»


Бирӕтӕ дзурынц мӕнӕй: «Хуыцау ӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Йӕхӕдӕг нын равзӕрста фыдӕй-фыртмӕйы исбон — Йӕ уарзон Йаков хъал кӕмӕй у, уыцы бынтӕ.


Ингӕн — се ’нусон цӕрӕн. Афтӕмӕй та сӕ хӕдзӕртты ӕнусмӕ цӕринаг уыдысты, суанг сӕ зӕххытӕ дӕр рахуыдтой сӕхи нӕмттӕй.


хуымӕтӕгтӕ ӕмӕ номдзыдтӕ, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ.


Де сфӕлдыст адӕмтӕ Дӕм иууылдӕр ӕрбацӕудзысты, Дунедарӕг, ӕрзоныг кӕндзысты Дӕ разы, сыстаудзысты Дӕ ном.


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.


Мӕ адӕм цӕрдзысты фӕрнджын ран, ӕдас, ӕнӕмастӕй.


Уыцы сахар фыдгулӕй бахизынӕн нал бахъӕудзӕн йӕ алыварс цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ уӕрӕх къанӕуттӕ кӕнын, Дунедарӕг ӕй хъахъхъӕндзӕн Йӕхӕдӕг. Фыдгулты бӕлӕгътӕ ӕмӕ наутӕй сахармӕ иу дӕр ӕввахс не ’рбацӕудзӕн.


Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ, йӕ алфамбылӕйтты адӕм бӕрӕгбоны охыл кӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынӕтты сӕрмӕ равдисдзӕн, Йӕхӕдӕг уым кӕй ис, уый нысан: боныгон — ӕврагъ, ӕхсӕвы та — фӕздӕг ӕмӕ пиллон арты цӕджындз. Уыцы кады ӕмбӕрзӕн тыгъд уыдзӕн ӕппӕт сахары сӕрмӕ.


Зӕхбарӕн синаг аххӕсдзӕн Гаревы къуыбырмӕ ӕмӕ айтындздзӕн суанг Гоайы ’рдӕм.


Адӕймаджы фырт! Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ Гогӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ адӕм Израил ӕдасӕй цӕрын куы райдайой, уӕд дын раргом уыдзӕни уый,


Афтӕмӕй йын сбарста йӕ цыппар фарсы дӕр, ӕмӕ Кувӕндоны систӕн сӕ дӕргъ алырдыгӕй дӕр уыди фӕйнӕ фондзсӕдӕ ӕлмӕрины. Уыцы систӕ уаз зӕххы хай хицӕн кодтой, уаз чи нӕ уыд, уыцы зӕххӕй.


Уыцы лӕг цыди скӕсӕнӕрдӕм ӕмӕ, йӕ къухы цы барӕн синаг уыд, уымӕй абарста мин ӕлмӕрины ӕмӕ мӕ акодта доны сӕрты. Дон уыди мӕ фадхъулты онг.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕ хорзӕх ӕруадздзынӕн Йерусалимыл, Мӕ Кувӕндон дзы арӕзт ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Йерусалимыл зӕхбарӕн синаг айтындздзысты.


Дунедарӕг зӕгъы: „Цин кӕн, Сионы чызг! Уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн“.


Уыцы бон бирӕ адӕмтӕ Дунедарӕгмӕ се ’ргом раздахдзысты ӕмӕ суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн. Уӕд базондзынӕ, дӕумӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.


Дунедарӕг Йӕхи равдисдзӕн Йӕ адӕмы сӕрмӕ, Йӕ фат фехсдзӕнис ӕрвӕрттывдау. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, хуссайраг зилгӕ дымгӕйы ацӕудзӕн.


Ӕз Мӕ Кувӕндон хъахъхъӕндзынӕн знӕгтӕй, ӕцӕгӕлӕтты йӕм бацӕуын нӕ бауадздзынӕн, тыхгӕнӕг уӕм никуыуал ӕрбабырсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз ныр Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон сымахмӕ.


Муртаттӕгтӕн Уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та — йӕ кад».


Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan