3 Уалынмӕ фӕзынди, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕд. Йӕ размӕ ’рбацӕйцыд ӕндӕр зӕд,
Ӕмӕ, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Цы сты адон та?» Уый мын дзуапп радта: «Уыдон сты, Иудей, Израил ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты алы бӕстӕты цы сыкъатӕ ныххӕлиу кодтой, уыдон».
афтӕ дзургӕйӕ: «Азгъор ӕмӕ ацы лӕппуйӕн зӕгъ: Йерусалимы уый бӕрц адӕм ӕмӕ фос фӕзындзӕн, ӕмӕ сын сахары бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн, йӕ алфамбылӕйтты ’рцӕрдзысты.
Мемӕ цы зӕд дзырдта, уый ногӕй мӕ разы февзӕрдис ӕмӕ мӕ райхъал кодта, адӕймаджы йӕ фынӕйӕ куыд фехъал кӕнынц, афтӕ.
Мемӕ цы зӕд дзырдта, уый мын загъта: «Нӕ йӕ зоныс, цы у?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Нӕ зонын, ме ’лдар».
Мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕд фӕзындис ӕмӕ загъта: «Скӕс-ма хӕрдмӕ, акӕс-ма, уый цы рацӕйзыны?»