8 Уыцы бон Йерусалимӕй царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ ракӕлдзысты, сӕ иу ӕрдӕг — скӕсӕйнаг денджызмӕ, иннӕ — ныгуылӕйнаг денджызмӕ; сӕрдӕй, зымӕгӕй афтӕ уыдзӕн.
Дӕ дыргъдоны астӕу — донгуырӕн, ног донимӕ цъай, Ливаны хӕхтӕй кӕлы.
Тӕвд змис кӕм уыди, уым фестдзӕни цад, хуыскъ зӕххы та суадӕттӕ кӕлдзӕн. Мӕрдтыбирӕгътӕн сӕ цӕрӕн кӕм уыд — цъӕх-цъӕхид фӕз фестдзӕн, уым зайдзӕн цъӕнут ӕмӕ хъӕз.
Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ, хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн, хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, ӕдзухдӕр цӕудзынӕн уӕ разӕй. Сыгъд быдыры-иу уӕ бафсаддзынӕн, дӕтдзынӕн уын хъару. Ӕмӕ уӕд суыдзыстут донӕфсӕст дыргъдон ӕмӕ ӕнӕбайсысгӕ суадонау.
Цӕгатӕй уӕм чи ’рбабырста, уыдоны дӕр ӕнӕдон, хус зӕхмӕ фӕсурдзынӕн, сӕ раззагдӕр ӕфсад сын Мард денджызы фесафдзынӕн, фӕсте сӕ фӕдыл чи ’рбацӕуы, уыдоны та — Зӕххастӕуы денджызы. Сӕ мӕрдты смаг уӕлдӕфы ахъардзӕн, уымӕн ӕмӕ бирӕ фыдбылызтӕ сарӕзтой».
Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис.
Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй.
Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни.
Ӕмӕ, Йерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм фӕсидын хъӕуы Йӕ номӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын барст ӕрцӕуой.
Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».
Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон».
Хуыцауы зӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕхи ӕруагъта найӕнмӕ ӕмӕ-иу дон азмӕста; уый фӕстӕ-иу фыццаг чи ныххызт, уый-иу сдзӕбӕх ис цыфӕнды низӕй дӕр.]
Мӕныл чи ӕууӕнды, уымӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ йӕ зӕрдӕйӕ раивылдзысты царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ».
Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.