7 Уыцы бон кӕд ралӕудзӕнис, уый ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг зоны; уый нӕдӕр бон уыдзӕн, нӕдӕр ӕхсӕв, фӕлӕ куы баизӕр уа, уӕд рухс фӕзындзӕни.
Ӕрхауынӕввонг дӕн, мӕ рыст мӕ уӕгъд нӕ уадзы.
Мӕ уаз хохыл сӕ кой дӕр нал уыдзӕн фыдми ӕмӕ знаггадӕн, уымӕн ӕмӕ, денджыз донӕй йемыдзаг куыд вӕййы, афтӕ ӕгас зӕххыл сбирӕ уыдзысты Дунедарӕджы тыххӕй зонындзинӕдтӕ.
Мӕй ныссырх уыдзӕн ӕмӕ хур къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл, Йерусалимы, ӕмӕ Йӕ кад адӕмы хистӕртӕн раргом кӕндзӕн.
Мӕй сӕрттивдзӕни хурау, хур та, цы у, уымӕй авд хатты рухсдӕрӕй, авд боны дӕргъы цы рухс ратты, уый йын цыма иу бонмӕ ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыйау. Уыцы бон Дунедарӕг бабӕтдзӕни Йӕ адӕмы цӕфтӕ, байгас сын кӕндзӕни сӕ хъӕдгӕмттӕ.
Уӕ кӕрӕдзийы афӕрсут, баныхас кӕнут ӕмӕ Мын зӕгъут, абон цытӕ цӕуы, уый тыххӕй незаманты рагацау чи загъта, Уый Ӕз — Дунедарӕг — нӕ уыдтӕн, ӕви? Мӕн йеддӕмӕ ничи у Хуыцау — рӕстӕвзар ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау.
ӕххормагӕн уӕ уд дӕр куынӕ бавгъау кӕнат ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы куы барӕвдауат, уӕд уӕ талынг ныррухс уыдзӕни, ӕмӕ бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ калдзӕни уӕ рухс.
Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.
О, додой! Ахӕм ӕвирхъау бон никуыма ӕрцыд! Йаковӕн йӕ фыдбылызы рӕстӕг ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ фервӕздзӕн.
Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».
Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.
Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — хур аныгуылын кӕндзынӕн ӕмбисбон, райдзаст бонастӕу зӕхх баталынг уыдзӕн.
Уыцы бон ӕмӕ сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт — ӕрмӕст ӕй Фыд зоны.
Уыцы бон кӕнӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт — ӕрмӕст ӕй Фыд зоны.
Уый сын загъта: «Сымахӕн не ’мбӕлы, Мӕ Фыд Йӕ бартӕм гӕсгӕ цы афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ снысан кодта, уыдон зонын.
ӕппӕт уыдӕттӕ рагзаманы Чи раргом кодта, Уый“.
Иу адӕймагӕй равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл ӕрцӕрой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ арӕнтӕ цӕрынӕн.
Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».
Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд фӕзыны, Бардарӕджы ’рцыды бон дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут.
Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».
Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы Фарны Уац зӕххон цӕрджытӕн, цӕмӕй йӕ хъусын кӕна алы знӕм ӕмӕ алы мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмыхаттӕн.
Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.
Йӕ кулдуӕрттӕ бон ӕхгӕд нӕ уыдзысты, ӕхсӕв та дзы нӕ уыдзӕн.
Паддзахы бадӕнӕй ӕз фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс: «Мӕнӕ ис Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Уый цӕрдзӕнис адӕмимӕ! Уыдон уыдзысты Йӕ адӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг уыдзӕни семӕ ӕмӕ уыдзӕн сӕ Хуыцау.
Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.