3 Уӕд Дунедарӕг уыцы адӕмты ныхмӕ сыстдзӕни, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ.
ӕмӕ уый загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм иууылдӕр, иудейӕгтӕ, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ паддзах Иосафат! Дунедарӕг уын афтӕ зӕгъы: уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕй ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Уымӕн ӕмӕ уый сымах нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хӕст у.
Ӕркастӕн сӕм ӕмӕ сын сӕ номдзыддӕртӕн ӕмӕ сӕ хицӕуттӕн, стӕй иннӕ адӕмӕн загътон: «Ма тӕрсут фыдгулӕй! Рох уӕ ма уӕд цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг Дунедарӕг, афтӕмӕй схӕцут уе ’фсымӕртӕ, уӕ лӕппутӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ устытӕ ӕмӕ уӕ хӕдзӕртты сӕраппонд!»
Ӕнӕнымӕц адӕмты ’фсӕдтӕ тох кӕнынц Ариелы ныхмӕ, ӕрхъула йыл кодтой, йӕ фидӕрттӕм ын бырсынц — фынау, ӕхсӕвы фыдфынау ӕрбайсӕфдзысты уыдон.
Ӕппӕт адӕмты ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Иосафаты дӕлвӕзмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ сын Мӕ адӕмы, Мӕ исбоны, Израилы тыххӕй сын тӕрхон кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтой ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх байуӕрстой.
Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.
Уыцы бон Ӕз, Йерусалиммӕ цы адӕмтӕ бырстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн.
Дунедарӕг аморӕгты удаист фӕкодта израилӕгты уындӕй, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой Гивоны цур. Стӕй сӕ Бет-Хороны ӕрхизӕныл суанг Азека ӕмӕ Македайы онг дӕрӕнгӕнгӕ сӕ разӕй ахастой.
Уыцы бон куыд байхъуыста Дунедарӕг адӕймаджы курдиатмӕ, афтӕ йӕм уымӕй размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр никуы байхъуыста. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд израилӕгты сӕрыл.
Иу ныббырстӕй Йешуа басаста ӕппӕт паддзӕхты дӕр ӕмӕ сын бацахста сӕ зӕххытӕ. Уый Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы адӕмы сӕрыл.