13 Уыцы бон Дунедарӕджы фӕндӕй адӕмтӕ сызнӕт уыдзысты, кӕрӕдзимӕ лӕбурдзысты, алчи йӕ хионыл дӕр нал ауӕрддзӕн.
Ме ’ппӕт хӕхты чи цӕры, уыдоны дӕр Гогы ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн кӕрдтимӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — йӕ хӕстонтӕ сӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ сласдзысты.
Уымӕ гӕсгӕ Ӕз ацы зӕххы адӕмӕн нал ныббардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сфыдӕх сӕ кӕндзынӕн кӕрӕдзимӕ, сӕ паддзах дӕр сӕ ныхмӕ суыдзӕни, бӕстӕ ныззыгуым кӕндзысты, фӕлӕ Ӕз никӕй фервӕзын кӕндзынӕн.
Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз алы бӕх ӕмӕ алы барӕджы сӕрра кӕндзынӕн, адӕмты бӕхты бакуырм кӕндзынӕн, Иудӕйы хӕдзармӕ та Мӕ цӕст дардзынӕн.
Иудӕ дӕр тох кӕндзӕнис Йерусалимы ныхмӕ. Йерусалимы алыварс цы адӕмтӕ цӕрынц, уыдоны исбон Йерусалимы хай бауыдзӕн: ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин, ӕвзист, дарӕстӕ.
Ӕртӕсӕдӕ хӕстоны сыкъауадындзтӕй куы ныууасыдысты, уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ мидианӕгтӕ сӕ хъаматӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систой. Сӕ хӕстонтӕ фӕлыгъдысты суанг Бет-Шиттӕйы онг, Церерӕйы ’рдӕм, Таббатмӕ хӕстӕг сахар Авел-Мехолӕмӕ.