Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 14:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр дӕлвӕз фестдзӕни, Гевӕйӕ суанг Риммоны, Йерусалимы хуссарварс чи ис, уый онг, Йерусалим та уыдонӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн. Йӕ бынаты лӕудзӕн ӕмӕ Бениамины кулдуарӕй Рагон кулдуар ӕмӕ Фисыны кулдуары онг, Хананелы мӕсыгӕй паддзахы сӕндуцӕнты онг адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 14:10
28 Iomraidhean Croise  

Ныр паддзах Аса та фӕдзырдта иудейӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, фӕстаг лӕджы онг иууылдӕр куыд ӕрбацӕуой, афтӕ. Рамайы сахарӕй сын рахӕссын кодта, Бааса фидар аразынӕн дурӕй, хъӕдӕй цыдӕриддӕр ӕрмӕг ӕрцӕттӕ кодта, уыдон ӕмӕ уыцы ӕрмӕгӕй ногӕй рацарӕзта, Бениамины зӕххыл цы сахартӕ уыд, уыдон — Гевӕ ӕмӕ Мицпа.


Бет-Шемешы сахары цур Израилы паддзах Йоаш уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Ахазиайы фырты фырты, бабырста Йерусалиммӕ ӕмӕ йын фехӕлдта йӕ быру — Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг, цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн.


Ноджы ма сӕм уыди фондз сахары: Етам, Аин, Риммон, Тохен ӕмӕ Ашан


Мерарийы байзӕддӕгтӕй ма чи баззад, уыдонӕн Зевулоны хӕдзарвӕндаджы зӕххыл радтой: Риммон йӕ хизӕнуӕттимӕ, Фавор йӕ хизӕнуӕттимӕ;


Израилы паддзах Йоаш Бет-Шемешы сахары цур уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Иоахазы фырты фырты. Йерусалиммӕ йӕ ӕрбакодта ӕмӕ Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг сахары сис фехӕлдта — цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн.


Озиа Йерусалимы мӕсгуытӕ сарӕзта: Фисыны кулдуары раз, Дӕлвӕзы кулдуары раз ӕмӕ Къуымы фисыны раз, бафидӕрттӕ сӕ кодта.


Фӕтӕн сисӕй нӕ фӕндаг цыди Ефремы кулдуармӕ, Зӕронд кулдуары рӕзты ӕрцыдыстӕм, Кӕсаджы кулдуарыл ахызтыстӕм, Хананелы мӕсыг ӕмӕ Сӕдӕйы мӕсыджы цурты Фысвосы кулдуармӕ ӕрхӕццӕ стӕм ӕмӕ ӕрлӕууыдыстӕм Хъахъхъӕнджыты кулдуары раз.


Алчер Елиашив бавдӕлд ӕмӕ йӕ сауджын ӕфсымӕртимӕ Фысвосы кулдуар сарӕзтой. Срухс ӕй кодтой ӕмӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтой. Сӕдӕйы мӕсыгӕй Хананелы мӕсыгмӕ дӕр къул самадтой ӕмӕ йӕ срухс кодтой.


афсӕрстой комы нарӕджы ӕмӕ зӕгъынц, Гевӕйы бахсӕвиуат кӕнӕм, зӕгъгӕ. Рамайы сахайрӕгтӕ ӕмризӕджы ризынц, Саулы сахар Гевӕйы адӕм та лидзӕг фесты.


Дунедарӕджы Кувӕндон цы хохыл ис, уый фӕстагмӕ суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуылдымты сӕрты акӕсдзӕн; адӕмтӕ йӕм сараздзысты се ’ргом.


Пашхур Йеремиайы фӕнадта ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты, Бениамины кулдуары цур, хъадаманты сбадын кодта.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз ногӕй айтындздзынӕн Йаковы цатыртӕ, йӕ хӕдзӕрттӕн ын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн; сахар ногӕй сырӕздзӕни хӕлддзӕгты кӕритӕй, ӕмӕ галуан йӕ бынаты ӕрлӕудзӕн.


Бениамины кулдуары уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм хъахъхъӕнджыты хицау, Хананиайы фырты фырт, Шелемийы фырт Ирийа фӕлӕбурдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕу фӕнды халдейӕгтӕм балидзын!»


Паддзахы галуаны барджынтӕй иу уыди эфиопаг, йӕ ном — Еведмелех. Уый, Йеремиайы цъайы кӕй ныппӕрстой, уыцы хабар фехъуыста. Уыцы рӕстӕг паддзах бадти Бениамины кулдуары раз.


Уыцы бон Ӕз Давиды пырх цатыр ногӕй сӕвӕрдзынӕн. Йӕ зыхъхъыртӕ йын сӕхгӕндзынӕн, йӕ пырхытӕ йын банывыл кӕндзынӕн, кӕддӕр куыд уыдис, афтӕ та йӕ рацараздзынӕн,


Фӕстаг заман куы ралӕууа, уӕд, Дунедарӕджы Хӕдзар цы хохыл лӕууы, уый суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуыбыртӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн, адӕмтӕ йӕм агуылф кӕндзысты.


Уыцы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы фӕтӕгтӕ, сугты ’хсӕн ӕфсӕн пец, куыристы ’хсӕн цырагъ куыд у, афтӕ суыдзысты ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты, сӕ галиу ӕмӕ сӕ рахизфарс чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзысты, Йерусалим та, цы ран ис, уым фӕстӕмӕ адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.


афтӕ дзургӕйӕ: «Азгъор ӕмӕ ацы лӕппуйӕн зӕгъ: Йерусалимы уый бӕрц адӕм ӕмӕ фос фӕзындзӕн, ӕмӕ сын сахары бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн, йӕ алфамбылӕйтты ’рцӕрдзысты.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Ме ’ргом раздахдзынӕн Сионмӕ, ӕрцӕрдзынӕн Йерусалимы, схондзысты йӕ рӕстдзинады сахар, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы хох та — уаз хох.


Леваот, Шилхим, Аин ӕмӕ Риммон — ӕдӕппӕт фараст ӕмӕ ссӕдз сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.


Бениамины хӕдзарвӕндагӕй: Гивон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гевӕ йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ,


Чи дзы аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхмӕ. Фӕндӕгтыл дзы израилӕгтӕ фондз мины ныццагътой, суанг сӕ Гидомы онг фӕсырдтой ӕмӕ ма дзы ноджы дыууӕ мины амардтой.


Бениамины фӕдонтӕ алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхы цурмӕ. Ӕхсӕзсӕдӕ ма дзы аирвӕзт ӕмӕ цыппар мӕйы дӕргъы уым фембӕхстысты.


Уый фӕстӕ Израилы дзыллӕ, Бениамины фӕдонтӕй Риммоны къӕдзӕхы цур чи бамбӕхсти, уыдонмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой, бафидауӕм, зӕгъгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan