1 Мӕнӕ ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, тыхгӕнӕг дӕ ӕфтиагӕн цы байста, уыдон дын де ’хсӕн куы уардзысты, уыцы бон.
Ӕрдиаг кӕнут — Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс, Ӕппӕтхъомыс дӕрӕнгӕнгӕ ӕрцӕудзӕн.
Дунедарӕджы азары бон ӕрӕввахс — судзгӕ мастӕй йедзаг! Уыцы бон бабын уыдзӕни зӕхх, тӕригъӕдджынтӕ фесӕфдзысты зӕххы цъарӕй.
Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг стӕрхон кӕндзӕни ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн — ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни.
Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.
Хур баталынг уыдзӕн, мӕй туджы хуызӕн суыдзӕн Дунедарӕджы стыр ӕмӕ ӕвирхъау Боны размӕ.
Ӕрӕмбырд сты ӕнӕнымӕц адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Бон ӕрбаввахс ис Тӕрхоны дӕлвӕзы.
Ныхъхъус ут Дунедарӕг Хуыцауы раз! Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс. Йӕ нывонд дӕр ӕрцӕттӕ кодта, ныридӕгӕн фӕхуыдта уазджыты.
Иудӕ дӕр тох кӕндзӕнис Йерусалимы ныхмӕ. Йерусалимы алыварс цы адӕмтӕ цӕрынц, уыдоны исбон Йерусалимы хай бауыдзӕн: ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин, ӕвзист, дарӕстӕ.
Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.
Мӕнӕ уӕм ӕз Дунедарӕджы стыр ӕмӕ тӕссаг боны размӕ арвитдзынӕн пехуымпар Илийайы.
Хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй туджы хуызӕн суыдзӕн — Бардарӕджы стыр ӕмӕ кадджын Боны размӕ.
диссӕгтӕ чи ӕвдисы, уыцы дӕлимонты. Уыдон рацыдысты ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕм, цӕмӕй сӕ тохмӕ ӕрӕмбырд кӕной Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр бонмӕ.