9 Уыцы бон Ӕз, Йерусалиммӕ цы адӕмтӕ бырстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн.
Ӕнӕнымӕц адӕмты ’фсӕдтӕ тох кӕнынц Ариелы ныхмӕ, ӕрхъула йыл кодтой, йӕ фидӕрттӕм ын бырсынц — фынау, ӕхсӕвы фыдфынау ӕрбайсӕфдзысты уыдон.
Бабырсинаг-иу дӕм чи уа, уымӕн Ӕз фӕндаг нал ратдзынӕн, ӕмӕ-иу йӕхӕдӕг бабын уыдзӕн.
Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
паддзӕхтӕн сӕ паддзахы бадӕнтӕ дӕлӕмӕ раппардзынӕн, ӕцӕгӕлӕтты паддзахӕдтӕн сӕ хъару басӕтдзынӕн, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕд хӕстонтӕ сфӕлдахдзынӕн, бӕхтӕ ӕмӕ сӕ барджытӕ цагъды фӕуыдзысты, кӕрдтӕ кӕрӕдзимӕ сисдзысты бӕхджынтӕ.
Йерусалимы алыварс знӕгтӕ куы ’рхъула кӕной, уӕд ӕй Ӕз йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн ӕмӕ суанг Иудӕйӕн дӕр, кӕмӕй ныррасыг уыдзысты, ахӕм кӕхц фестын кӕндзынӕн.