Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 12:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дунедарӕг ӕппӕты разӕй фервӕзын кӕндзӕн Иудӕйы цатыртӕ, цӕмӕй Давиды байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты кад Иудӕйы кадӕй ма фӕуӕлдӕр уа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 12:7
20 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ кӕд мӕ разы уӕхи уӕлдӕр кӕнут ӕмӕ мын мӕ худинаг мӕ цӕстмӕ дарут,


мӕ зӕрдӕ дарын ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?


Ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Уый фегад кодта сӕрбӕрзонд ӕмӕ цытуарзаг чи у, уыдоны, ӕрныллӕг кодта номджын ӕлдӕртты.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз ногӕй айтындздзынӕн Йаковы цатыртӕ, йӕ хӕдзӕрттӕн ын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн; сахар ногӕй сырӕздзӕни хӕлддзӕгты кӕритӕй, ӕмӕ галуан йӕ бынаты ӕрлӕудзӕн.


Уыцы бон Ӕз Давиды пырх цатыр ногӕй сӕвӕрдзынӕн. Йӕ зыхъхъыртӕ йын сӕхгӕндзынӕн, йӕ пырхытӕ йын банывыл кӕндзынӕн, кӕддӕр куыд уыдис, афтӕ та йӕ рацараздзынӕн,


Уыцы бон Мӕ фидыд хӕлд ӕрцӕудзӕнис, ӕмӕ уӕд, ӕнхъӕлмӕ Мӕм чи кӕсы, уыцы мӕгуыр фыстӕ базондзысты, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый.


Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уыцы тӕккӕ уысм Ын Сыгъдӕг Уд Йӕ зӕрдӕ байдзаг кодта цинӕй, ӕмӕ Йесо загъта: «Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Дунедарӕг! Стауын дӕ, Ды адӕттӕ куырыхонтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй! О, Мӕ Фыд, Дӕу афтӕ бафӕндыд!


Уӕдӕ цӕмӕй раппӕлӕм нӕхицӕй? Ницӕмӕй. Кӕцы Ӕгъдау нын дӕтты ӕппӕлыны бар? Хъуыддӕгтӕ домӕг Ӕгъдау? Нӕ, уырнындзинад домӕг Ӕгъдау.


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


Уыйхыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan