Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 12:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уыцы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы фӕтӕгтӕ, сугты ’хсӕн ӕфсӕн пец, куыристы ’хсӕн цырагъ куыд у, афтӕ суыдзысты ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты, сӕ галиу ӕмӕ сӕ рахизфарс чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзысты, Йерусалим та, цы ран ис, уым фӕстӕмӕ адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 12:6
25 Iomraidhean Croise  

Дӕ байзӕддӕгтӕ сбирӕ уыдзысты, афсӕрдзысты хуссармӕ ӕмӕ цӕгатӕрдӕм, сӕ дӕлбар бакӕндзысты алы адӕмты, ӕрцӕрдзысты гӕныстон сахарты».


Сӕ къух-иу цӕуыл фӕхӕст уа, уый ӕргӕвддзысты ӕмӕ хӕрдзысты, фӕлӕ-иу уӕддӕр се стонг нӕ басӕтдзысты, сыдӕймӕлӕгау сын бафсис нӕ уыдзӕн. Алчи йӕ хионы хӕрдзӕни:


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз ногӕй айтындздзынӕн Йаковы цатыртӕ, йӕ хӕдзӕрттӕн ын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн; сахар ногӕй сырӕздзӕни хӕлддзӕгты кӕритӕй, ӕмӕ галуан йӕ бынаты ӕрлӕудзӕн.


Йаковы байзӕддаг фестдзӕнис арт, Йосефы байзӕддаг — арты ’взӕгтӕ, Исавы байзӕддаг та — хъӕмп. Арт ыл бандзардзысты ӕмӕ йӕ фесафдзысты, Исавы байзӕддагӕй ничиуал баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ Дунедарӕг загъта.


Сыст ӕмӕ райдай ссын, Сионы чызг! Ӕфсӕйнаг сыкъатӕ, ӕрхуы сӕфтджытӕ дын скӕндзынӕн, ӕмӕ бирӕ адӕмты басӕтдзынӕ. Сӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ сын сӕ исбон фесафдзынӕ — Дунедарӕгӕн, ӕппӕт зӕххы Дунедарӕгӕн сӕ снывонд кӕндзынӕ.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕ хорзӕх ӕруадздзынӕн Йерусалимыл, Мӕ Кувӕндон дзы арӕзт ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Йерусалимыл зӕхбарӕн синаг айтындздзысты.


Дӕ кулдуар байгом кӕн, Ливан! Уадз аныхъуыра пиллон арт дӕ кедртӕ!


Уӕд Иудӕйы фӕтӕгтӕ сӕхинымӕр зӕгъдзысты: «Йерусалимы цӕрджытӕ тыхджын сты Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, руаджы».


Уӕд Иудей ногӕй суыдзӕнис Дунедарӕджы исбон уаз зӕххыл, ногӕй сӕвзардзӕн Йерусалим.


афтӕ дзургӕйӕ: «Азгъор ӕмӕ ацы лӕппуйӕн зӕгъ: Йерусалимы уый бӕрц адӕм ӕмӕ фос фӕзындзӕн, ӕмӕ сын сахары бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн, йӕ алфамбылӕйтты ’рцӕрдзысты.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕ хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ дурӕхсӕны дуртыл фӕуӕлахиз уыдзысты, ныццӕгъддзысты сӕ; сӕ уынӕр хъуысдзӕнис, цыма сӕнӕй ныррасыг сты, уыйау; нывондхӕссӕн кӕхцытау, нывондхӕссӕны сыкъатау байдзаг уыдзысты сӕнӕй.


ӕцӕгдзинады дзырд, Хуыцауы хъару. Рӕстдзинад нӕ хотых у, дарӕм ӕй рахиз къухы дӕр ӕмӕ галиуы дӕр.


Фӕлӕ Хуыцау уӕларвӕй рауагъта арт ӕмӕ сӕ басыгъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan