4 Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз алы бӕх ӕмӕ алы барӕджы сӕрра кӕндзынӕн, адӕмты бӕхты бакуырм кӕндзынӕн, Иудӕйы хӕдзармӕ та Мӕ цӕст дардзынӕн.
Ӕхсӕвӕй уа, бонӕй, Де ’ргом макуы аздах ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар Дӕм кувы, ацы бынатмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, ӕмӕ йын айс йӕ куывд.
ӕмӕ уырдӕм арвыста стыр бӕхӕфсад, хӕстон уӕрдӕттимӕ. Ӕхсӕвыгон ӕрхъула кодтой сахарыл.
Сириӕгтӕ йӕм куы ӕрбаввахс сты, уӕд та Елисей Дунедарӕгмӕ скуывта: «Бакуырм сӕ кӕн!» Ӕмӕ сӕ Уый бакуырм кодта Елисейы дзырдӕй.
Ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕ цӕст ма ис ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар-иу, ацы бынатмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы кува, уӕд-иу ӕй фехъус.
О мӕ Хуыцау! Ацы бынаты Дӕм чидӕриддӕр скува, уыдонмӕ-иу ӕркӕс ӕмӕ-иу сӕ фехъус!
Ацы бынатӕй Мӕм чидӕриддӕр скува, уымӕ Ӕз ӕркӕсдзынӕн, йӕ куывдмӕ йын байхъусдзынӕн лӕмбынӕг.
Байхъус мӕм лӕмбынӕг, Дӕ цӕстытӕй мӕм ӕркӕс ӕмӕ мын айс мӕ куывд! Бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр Дӕумӕ у ме скаст, ӕмӕ саккаг кӕн: батӕригъӕд кӕн израилӕгтӕн, ныххатыр нын кӕн, ӕз дӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр Дӕ разы цы тӕригъӕдты бацыдыстӕм, уыдон!
Уыцы заман Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕн уӕларвӕфсад дӕр ӕмӕ зӕххон паддзӕхты дӕр.
О Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Ӕркӕс нӕм ӕмӕ фехъус, Санхериб Дӕуӕн, цардӕгас Хуыцауӕн, цы фидистӕ кӕны, уый.
Сӕ фарны сӕраппонд сӕм ӕркӕсдзынӕн ӕмӕ сӕ ацы зӕхмӕ раздахдзынӕн. Мӕ фӕрцы сфидар уыдзысты, ӕмӕ сӕ нал ныддӕрӕн кӕндзынӕн, куы сӕ байтауон, уӕд сӕ нал срӕдувдзынӕн.
Фездахдзынӕн дӕ, де ’фсӕрыл дын бакӕндзынӕн цӕг ӕмӕ дын ракӕндзынӕн дӕхи дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕфсад дӕр, ӕд барджытӕ ӕмӕ ӕд уӕрдонджынтӕ, тынг бирӕ ӕфсад, уе ’ппӕт дӕр алы хотыхтӕй ифтонг, уыимӕ уӕм — рог ӕмӕ уӕззау уартытӕ, уе ’ппӕтмӕ дӕр — кӕрдтӕ.
Мӕ фынгыл бафсӕддзыстут бӕхтӕ, барджытӕ, ӕхсарджынтӕ ӕмӕ алы хӕстон адӕмы туг ӕмӕ фыдӕй“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Мӕ Хуыцау, фехъус мӕ! Ӕркӕс-ма, Дӕ ном чи хӕссы, уыцы сахары дуррӕдзӕгъдтӕм! Лӕгъстӕ дын кӕнӕм, нӕ рӕстадӕй ныфсджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ кӕй скӕндзынӕ, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ.
Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, хӕсты рӕстӕг уынджы рыг цы хӕстонтӕ фессӕндынц, уыдоны ’нгӕс суыдзысты. Дунедарӕг семӕ уыдзӕн, ӕмӕ бӕхӕфсад фӕхудинаг кӕндзысты.
Уыцы бон Йерусалимы цӕрджыты хъарӕг хъуысдзӕни Хадад-Риммоны, Мегиддойы тъӕпӕны хъарӕгау.
Уыцы бон Йерусалим ӕппӕт адӕмтӕн уӕззау дуры хуызӕн суыдзӕни; сисыныл ӕй чи архайа, уыдон тыхсаст фӕуыдзысты, афтӕмӕй йӕ ныхмӕ та ӕрӕмбырд уыдзысты ӕгас зӕххы адӕмтӕ.
Уӕд Иудӕйы фӕтӕгтӕ сӕхинымӕр зӕгъдзысты: «Йерусалимы цӕрджытӕ тыхджын сты Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, руаджы».
Уыцы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы фӕтӕгтӕ, сугты ’хсӕн ӕфсӕн пец, куыристы ’хсӕн цырагъ куыд у, афтӕ суыдзысты ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты, сӕ галиу ӕмӕ сӕ рахизфарс чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзысты, Йерусалим та, цы ран ис, уым фӕстӕмӕ адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.
Сӕ асадӕнты сын фосы мыггагӕй цыдӕриддӕр ссарой — бӕхтӕ, хӕргӕфсытӕ, теуатӕ, хӕрджытӕ — се ’ппӕты дӕр сӕ адӕмы азар баййафдзӕн.
Ӕз Мӕ Кувӕндон хъахъхъӕндзынӕн знӕгтӕй, ӕцӕгӕлӕтты йӕм бацӕуын нӕ бауадздзынӕн, тыхгӕнӕг уӕм никуыуал ӕрбабырсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз ныр Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон сымахмӕ.
Уӕдӕ Хуыцау нал кӕсы, куынӕ Йӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм; фӕлӕ ныртӕккӕ ӕппӕт адӕмӕй алы ран дӕр домы тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын.
Дӕ зонд дын фӕцӕуын кӕндзӕн Дунедарӕг, саугуырм бауыдзынӕ, кӕм дӕ ӕмӕ цы дӕ, уый дӕр нал ӕмбардзынӕ.