Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 12:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уыцы бон Йерусалим ӕппӕт адӕмтӕн уӕззау дуры хуызӕн суыдзӕни; сисыныл ӕй чи архайа, уыдон тыхсаст фӕуыдзысты, афтӕмӕй йӕ ныхмӕ та ӕрӕмбырд уыдзысты ӕгас зӕххы адӕмтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 12:3
31 Iomraidhean Croise  

Дӕуӕн лӕггад кӕнын цы адӕмты ӕмӕ цы паддзахӕдты нӕ бафӕнда, уыдон быныскъуыд фӕуыдзысты.


Йаковы байзӕддаг фестдзӕнис арт, Йосефы байзӕддаг — арты ’взӕгтӕ, Исавы байзӕддаг та — хъӕмп. Арт ыл бандзардзысты ӕмӕ йӕ фесафдзысты, Исавы байзӕддагӕй ничиуал баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ Дунедарӕг загъта.


Мӕнмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕмтӕй Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн.


Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.


Ливаны цы фыдмитӕ фӕкодтай, уыдоны тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзынӕ, фыр тӕссӕй дыл ризӕг бахӕцдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгъатырӕй цӕрӕгойты ныццагътай, ныккалдтай адӕмы туг, ӕнӕхъӕн бӕстӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты ныххӕлӕттаг кодтай.


Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.


паддзӕхтӕн сӕ паддзахы бадӕнтӕ дӕлӕмӕ раппардзынӕн, ӕцӕгӕлӕтты паддзахӕдтӕн сӕ хъару басӕтдзынӕн, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕд хӕстонтӕ сфӕлдахдзынӕн, бӕхтӕ ӕмӕ сӕ барджытӕ цагъды фӕуыдзысты, кӕрдтӕ кӕрӕдзимӕ сисдзысты бӕхджынтӕ.


Уыцы бон Йерусалимы цӕрджыты хъарӕг хъуысдзӕни Хадад-Риммоны, Мегиддойы тъӕпӕны хъарӕгау.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз алы бӕх ӕмӕ алы барӕджы сӕрра кӕндзынӕн, адӕмты бӕхты бакуырм кӕндзынӕн, Иудӕйы хӕдзармӕ та Мӕ цӕст дардзынӕн.


Уыцы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы фӕтӕгтӕ, сугты ’хсӕн ӕфсӕн пец, куыристы ’хсӕн цырагъ куыд у, афтӕ суыдзысты ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты, сӕ галиу ӕмӕ сӕ рахизфарс чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзысты, Йерусалим та, цы ран ис, уым фӕстӕмӕ адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.


Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.


Уыцы бон Дунедарӕджы фӕндӕй адӕмтӕ сызнӕт уыдзысты, кӕрӕдзимӕ лӕбурдзысты, алчи йӕ хионыл дӕр нал ауӕрддзӕн.


Уыцы бон бӕстӕ баталынг уыдзӕн, рухсгӕнӕнтӕ фӕцыдӕр уыдзысты.


Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъист уыдзӕн йӕ быны».


Уыцы дурыл чидӕриддӕр ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕни».


диссӕгтӕ чи ӕвдисы, уыцы дӕлимонты. Уыдон рацыдысты ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕм, цӕмӕй сӕ тохмӕ ӕрӕмбырд кӕной Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр бонмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan