Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 12:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уыцы бон Йерусалимы цӕрджыты хъарӕг хъуысдзӕни Хадад-Риммоны, Мегиддойы тъӕпӕны хъарӕгау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 12:11
7 Iomraidhean Croise  

Иосиа-паддзахы заман Мысыры паддзах, фараон Нехо, ӕд ӕфсад араст ис Евфраты доны ’рдӕм, Ассирийы паддзахы ныхмӕ. Мегиддойы цур ӕй Иосиа бауроминаг уыд, фӕлӕ йӕ Нехо куы федта, уӕд ӕй амардта.


Иосиа фӕстӕмӕ нӕ аздӕхт, фӕлӕ йӕхи тохмӕ ’рцӕттӕ кодта. Нехо йын Хуыцауы номӕй цы загъта, уымӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ Мегиддойы дӕлвӕзы йемӕ схӕцыди.


Уыдон ӕй уӕрдонӕй райстой, ӕндӕр уӕрдоны йӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ аластой Йерусалиммӕ. Уым Иосиа амарди, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ йыл фӕхъыг кодтой.


Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр дзыназдзӕнис, алы мыггаг дӕр хъыг кӕндзӕнис хицӕнӕй: Давиды мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй; Натаны мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй;


Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр ныккӕудзысты ӕмӕ „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“.


Мӕнӕ Уый ӕврӕгътимӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныккӕудзысты зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр. Афтӕ уыдзӕн ӕцӕг! Аммен.


Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan