Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 12:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 12:1
36 Iomraidhean Croise  

Хуыцау ӕрдынӕг схуыдта «арв». Уыди изӕр, уыди райсом — дыккаг бон.


Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг.


Уый айтыгъта цӕгат афтид тыгъдады сӕрмӕ, ницӕуыл ӕрцауыгъта зӕхх.


Мыййаг, ды Йемӕ нӕ айтыгътай уӕлӕрвтӕ, джиппыуагъд айдӕнау фидар чи у, уыдон?


Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.


Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг у хӕрзгӕнӕг. Стаут ын зарӕгӕй Йӕ ном, уымӕн ӕмӕ уый тынг ӕхцон у.


уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.


Денджыз армыдзаггай равдӕлон кӕнын кӕй бон у? Кӕй бон у уылынгӕй уӕлӕрвтӕ абарын? Зӕххы сыджыт чи бацӕуын кӕндзӕни къӕртайы мидӕг? Хӕхтӕ ӕмӕ къуылдымтӕ чи сбардзӕни тӕрӕзтыл?


Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый. Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон, Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.


Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын.


Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Зӕххыл ӕрӕвӕрдта Йӕ фидар ӕгъдау. Афтидӕй йӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ йын сныв кодта, цӕмӕй йыл ӕрцӕрой Йе сконд адӕм. Ӕмӕ уыцы Хуыцау зӕгъы: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ ничи у Дунедарӕг.


Ӕз ӕрӕвӕрдтон зӕххы бындуртӕ, уӕлӕрвтӕ дӕр айтыгътон Мӕ къухӕй. Фӕсиддзынӕн сӕм — ӕмӕ иумӕ ӕрлӕудзысты Мӕ разы.


Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы, уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый? Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз, цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты? Уадз ӕмӕ абухой!


Мыггагмӕ сӕ азымджын нӕ кӕндзынӕн, мӕсты нӕ кӕндзынӕн ӕдзухдӕр, науӕд адӕм, Ме сконд адӕм, бынтондӕр рафтдзысты Мӕ разы.


Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.


Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн.


Фӕлӕ дӕ чидӕриддӕр ныхъуыры, уыдонӕн сӕхи дӕр аныхъуырдзысты, де знӕгтӕ сӕхӕдӕг уацары ацӕудзысты, хӕлӕттаг дӕ чи фӕкодта, уыдонӕн сӕхи дӕр сафтид кӕндзысты, чи дӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты.


Паддзах Цедекиа сусӕгӕй расомы кодта Йеремиайӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, цард нын Чи радта, Уымӕй! Нӕ дӕ амарын кӕндзынӕн ӕмӕ, дӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕм дӕр дӕ нӕ ратдзынӕн».


Фӕлӕ хъомысджын у сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Уый рахӕцдзӕни сӕ сӕрыл, сӕ зӕхх сын басабыр кӕндзӕн, Вавилоны цӕрджытыл та катай бахӕцын кӕндзӕн.


Дунедарӕг Йӕ хъомысы фӕрцы сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзондӕй ӕрфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.


Дӕ пехуымпартӕ дӕ фӕсайдтой: дӕ тӕригъӕдтӕм дын нӕ амыдтой! Уӕ, дӕу нӕ бахъахъхъӕдтой уацарӕй! Сӕ рагуацтӕ уыдысты мӕнг!


Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.


Мысыры зӕхх ӕмӕ Едом ӕдзӕрӕг быдыртӕ фестдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Иудӕйы цӕрджыты хъизӕмарӕй мардтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос адӕмы туг фӕкалдтой.


Ӕз сын сӕ маст райсдзынӕн, нӕ ныббардзынӕн. Дунедарӕг ӕрцӕрдзӕн Сионыл.


Дунедарӕг рагуацы хуызы хъусын кӕны: Уый ӕрцӕрдзӕн Хадрахы бӕстӕйы, стӕй Дамаскы сахары, ӕппӕт адӕм ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ цӕстӕнгас Дунедарӕгмӕ сараздзысты;


Дунедарӕг Малахиайы уылты Израилӕн хъусын кӕны рагуац:


Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?»


Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan