Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 11:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 11:8
25 Iomraidhean Croise  

Афтӕмӕй Резон сси Сирийы паддзах ӕмӕ, цалынмӕ Соломон царди, уӕдмӕ уый дӕр Хададау ӕдзух архайдта Израилы ныхмӕ, кастис ӕм фыдгулы цӕстӕй.


уӕд сын Хуыцау сӕгад кӕны сӕ фӕтӕгты, ӕдзӕрӕг ранмӕ сӕ акӕны, ӕмӕ уым фӕдзӕгъӕл вӕййынц.


Фыддзинад Чи нӕ уарзы, Ды уыцы Хуыцау дӕ, ӕмӕ Дӕ цуры фыдгӕнӕгӕн бынат нӕй.


О Хуыцау, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг, баххуыс нын кӕн Дӕ номы кадӕн, фервӕзын нӕ кӕн, ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ Дӕ номы сӕраппонд!


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау, Йе ’фхӕрд адӕмӕн, иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн: «Паддзӕхтӕ фендзысты, кӕй ссӕрибар стут, уый ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты. Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы, сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы, Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».


Мӕ исбон, тар хъӕды цы домбай цӕры, уый ӕнгӕс сси: рыхы Мӕныл, ӕнӕуынон Мын фестад.


Фӕлӕ нӕ Дӕ номы сӕраппонд ма аппар, Дӕ кадджын паддзахы бадӕн ӕгады бынатмӕ ма ’руадз. Немӕ кӕй сарӕзтай, уыцы фидыд ӕрымыс, ма йӕ фехал.


Хъодыгонд ӕвзист сӕ схондзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта».


Израилы адӕм бамбарӕнт, сӕ гуымирыты аххосӕй Мын ӕцӕгӕлӕттӕ кӕй систы, уый“.


Ды фӕдӕ дӕ мады ’рдӕм — йӕ мой ӕмӕ йӕ сабиты чи ныууагъта. Ноджы ма фӕдӕ дӕ хоты ’рдӕм — сӕ сӕрыхицӕутты ӕмӕ сӕ сабиты чи ныууагъта. Дӕ мад хеттаг у, дӕ фыд та — амораг.


Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн.


Дунедарӕгыл сӕ зӕрдӕ сивтой, уымӕн ӕмӕ дзӕгъӕлзад цот ныййардтой. Сӕ мӕйногтӕ сӕ ныр ӕд зӕххытӕ аныхъуырдзысты.


«Гилгалы райдыдтой сӕ фыдмитӕ. Уым Мын фенӕуынон сты. Сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ Ӕз Мӕ Хӕдзарӕй фӕсурдзынӕн, нал сӕ уарздзынӕн — сӕ фӕтӕгтӕ мыл атигъ кодтой сӕхи.


Мӕ цӕрӕн ӕрӕвӕрдзынӕн уе ’хсӕн, ӕлгъ уыл нӕ кӕндзынӕн.


Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.


Фӕлӕ сыл Ӕз, се знӕгты зӕххыл куы уой, уӕд дӕр Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн ӕмӕ сыл ӕлгъ нӕ кӕндзынӕн. Ӕз сӕ нӕ фесафдзынӕн ӕмӕ Мӕ фидыд нӕ фехалдзынӕн семӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сӕ Хуыцау.


Хъуамӕ Мыл хъизӕмӕртты аргъуыдӕй саргъуыдӕуа, ӕмӕ куыд тынг удхар кӕнын, цалынмӕ уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ!


Фӕлӕ, йе ’мбӕстӕгтӕн ӕнӕуынон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыдон бавдӕлдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: „Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзахиуӕг кӕна“.


Ацы дуне уӕ йе сӕфт куы уына, уӕд-иу ӕй зонут — сымахӕй раздӕр Мӕнӕй уыдта йе сӕфт.


Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.


Дунедарӕг уый куы федта, уӕд фыр мӕстӕй атигъ кодта Йӕхи Йӕ фырттӕ ӕмӕ Йӕ чызджытыл.


Мӕ рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни, чи фӕцуда, уымӕй та Ӕз райгонд нӕ уыдзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan