Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 11:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕз хиздзынӕн ӕргӕвдинаг фысты, ӕцӕгӕйдӕр мӕгуыр чи у, уыдоны. Мӕхицӕн райсдзынӕн дыууӕ лӕдзӕджы, иу дзы схондзынӕн хӕрзаудӕн, иннӕ та — фидыд ӕмӕ уыдонӕй фысты хиздзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 11:7
25 Iomraidhean Croise  

Йӕ къухтӕ ӕнаххос, йӕ зӕрдӕ сыгъдӕг кӕмӕн у, мӕнг хуыцӕуттыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ дардта ӕмӕ мӕнг ард чи нӕ хордта.


Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт.


Мӕгуыр адӕмӕн раст тӕрхон кӕндзӕн, зӕххыл цӕрӕг ӕфхӕрд адӕмӕн сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕни рӕстӕй. Йӕ дзырды цӕфӕй стӕрхон кӕндзӕн зӕххӕн, фыдгӕнӕджы Йӕ раулӕфтӕй фесафдзӕн!


Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.


Ӕрмӕстдӕр мӕгуырты, сӕ бон ӕппындӕр кӕмӕн ницы уыди, уыдоны Иудейы бӕстӕйы ныууагъта, сӕндӕттӕ ӕмӕ зӕххы хӕйттӕ сын радта.


Алы стурвос ӕмӕ лыстӕг фосы дӕсӕймаг хай дӕр — дӕсӕймаг хайы гакк кӕуыл ӕвӕрд ӕрцыд, уыдон сты Дунедарӕджы уаз хай.


Хиз Дӕ лӕдзӕгӕй Дӕ адӕмы, Дӕ исбоны дзуг, хибарӕй Кармелы хъӕдты чи ӕрцардис, уыдоны. Уадз ӕмӕ та, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Башан ӕмӕ Галаады хизой!


Дӕ зӕххыл дын ныууадздзынӕн мӕгуыр ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмы, уыдон сӕ зӕрдӕ дардзысты Дунедарӕджы номыл.


Мӕ иннӕ лӕдзӕг — фидыд, уый дӕр асастон, цӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Израилы ’хсӕн ӕфсымӕрдзинад фехалон.


Афтӕ зӕгъы мӕ Дунедарӕг Хуыцау: «Хиз мӕ фысты, ӕргӕвст чи ’рцӕудзӕн, уыдоны.


куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.


Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид йӕ Бардарӕг хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?» Бирӕ адӕм Йесомӕ зӕрдиагӕй хъуыстой.


Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни.


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


райста йӕ лӕдзӕг, тӕрфы бын бацагуырдта фондз лӕгъз дуры ӕмӕ сӕ йӕ фыййауы хызыны нывӕрдта. Стӕй, йӕ къухы зилгӕ дурӕхсӕн, афтӕмӕй филистимаджы ныхмӕ рацыди.


Филистимаг ын загъта: «Лӕдзӕгимӕ мӕм цы рацыдтӕ? Ӕви дын куыдз дӕн?» Ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕй ралгъыста Давиды,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan