4 Афтӕ зӕгъы мӕ Дунедарӕг Хуыцау: «Хиз мӕ фысты, ӕргӕвст чи ’рцӕудзӕн, уыдоны.
Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.
Ӕз хиздзынӕн ӕргӕвдинаг фысты, ӕцӕгӕйдӕр мӕгуыр чи у, уыдоны. Мӕхицӕн райсдзынӕн дыууӕ лӕдзӕджы, иу дзы схондзынӕн хӕрзаудӕн, иннӕ та — фидыд ӕмӕ уыдонӕй фысты хиздзынӕн.
Ӕмӕ сымах, Ӕз дыууӕ хохы астӕу кӕй сараздзынӕн, уыцы дӕлвӕзыл лидздзыстут. Уый аххӕсдзӕни суанг Ацалы онг. Иудейаг паддзах Озиайы заман зӕххӕнкъуыстӕй куыд лыгъдыстут, афтӕ та лидздзыстут. Ӕмӕ уӕд фӕзындзӕни Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Йемӕ та — сыгъдӕджытӕ иууылдӕр.
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ, сӕфт фыстӕм, ӕрвыст дӕн».
Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!
Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу Ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“».
Зӕгъын уын, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй нӕ сайы, уый равдисыны тыххӕй Чырысти сунӕтгӕндтӕн сси лӕггадгӕнӕг, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, Хуыцау сын сӕ рагфыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый
Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта!