Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 11:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххыл ахӕм фыййауы сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, чи сӕфы, уыдоныл нӕ бамӕт кӕндзӕн, чи фӕдзӕгъӕл ис, уыдоны нӕ агурдзӕн, рынчынты нӕ дзӕбӕх кӕндзӕн, нӕ бафсаддзӕн ӕнӕнизты. Хӕрзхаст фыстӕн сӕ дзидза хӕрдзӕн ӕмӕ сын сӕ сӕфтджытӕ срӕдувдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 11:16
16 Iomraidhean Croise  

Ссӕдз азы дӕм фӕдӕн, ӕмӕ дӕ фыстӕ дӕр, дӕ сӕгътӕ дӕр никуы фефтыдтой. Дӕ дзуджы фыстӕй, мӕхи дзы куы бафсадин, зӕгъгӕ, никуы аргӕвстон.


Йаков ын дзуапп радта: «Сывӕллӕттӕ лӕмӕгъ сты, уый зоныс, ме ’лдар. Мӕ ногзад фыстӕ ӕмӕ хъуццытыл дӕр тыхсын: куы сӕ атӕрон, уӕд иу бонмӕ фӕцагъды уыдзысты иууылдӕр.


Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Мӕ адӕмы Мын цы фыййӕуттӕ хизынц, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Мӕ фысты Мын ныххӕлиу кодтат, алырдӕмты сӕ фӕсырдтат, нӕ сыл аудыдтат, ӕмӕ уӕ Ӕз уӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уыдон Ме ’мбырды куы лӕууыдаиккой, уӕд Мӕ адӕмӕн фехъусын кодтаиккой Мӕ ныхӕстӕ, сӕ фыдбылызы фӕндагӕй сӕ раздӕхтаиккой ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ ныууадзын кодтаиккой.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз сыстдзынӕн фыййӕутты ныхмӕ, мӕ фос сӕ ӕрцагурдзынӕн. Фос хизын сын нал бабар кӕндзынӕн, ӕмӕ нал кӕндзысты сӕхи мӕт. Мӕ фосы фыд сын сласдзынӕн сӕ дзыхтӕй ӕмӕ йӕ нал хӕрдзысты.


Сӕфт фосы-иу ссардзынӕн, чи фӕдзӕгъӕл уа, уый-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн, фӕцӕф ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын бабӕтдзынӕн йӕ хъӕдгом, рынчынмӕ-иу базилдзынӕн, ӕгӕр чи снард ӕмӕ абухгӕ чи кӕны, уыцы фосы та фесафдзынӕн, хиздзынӕн сӕ рӕстӕй.


Ӕппӕт лӕмӕгъты дӕр сымах фесхойут уӕхскӕй ӕмӕ сынӕгӕй, цӕвут сӕ уӕ сытӕй, цалынмӕ сӕ дзугӕй иуварс нӕ асурут, уалынмӕ.


Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


«Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕтӕрмӕ дуарыл нӕ, фӕлӕ йӕм ӕндӕр искӕуылты чи бахизы, уый давӕг ӕмӕ абырӕг у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan