12 Зӕгъдзынӕн сын: „Кӕд уӕ фӕнды, уӕд Мын Мӕ мызд раттут, кӕд нӕ, уӕд ӕй уадзут“. Ӕмӕ Мын дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист сбардзысты».
Авраам сразы ис Ефронимӕ. Хеттӕгты раз цас загъта, уый бӕрц ын сбарста ӕвзист — цыппарсӕдӕ шекелы, сӕудӕджертӕ куыд фӕбарынц, афтӕ.
ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.
Ӕмӕ Ахав Навотӕн загъта: «Дӕ сӕндон мын ратт! Мӕ галуанӕн йӕ тӕккӕ фарсмӕ лӕууы ӕмӕ дзы мӕхицӕн цӕхӕрадон саразин. Дӕуӕн та йӕ бӕсты балӕвар кӕндзынӕн уымӕй хуыздӕр сӕндон, йе та, кӕд дӕ фӕнды, уӕд дын йӕ аргъ бафиддзынӕн ӕвзистӕй».
Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, ливайнаг кедртӕ мын ракалын кӕн. Мӕ кусджытӕ кусдзысты дӕ кусджытимӕ, ӕмӕ дын ӕз сӕ куысты тыххӕй фиддзынӕн, цас мын зӕгъай, уый бӕрц мызд. Ды зоныс: махмӕ, сидойнӕгтау бӕлӕстӕ калынмӕ чи арӕхсы, ахӕм адӕм нӕй».
Афтӕ бакӕнын паддзахмӕ дӕр ӕмӕ ’ппӕт ӕмбырдмӕ дӕр раст фӕкасти.
Искӕй цагъары — нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы — гал куы ныццӕва, уӕд галы хицау хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист цагъары хицауӕн. Галы та дурты бын фӕкӕнын хъӕуы.
Ӕмӕ мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамелӕй, Анатоты сахары йын цы зӕххы хай уыди, уый балхӕдтон, ӕвддӕс шекелы йын ӕвзист сбарстон.
Кӕд сылгоймаг у, уӕд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы.
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы.
Ӕмӕ уыдонӕй дурынгӕнӕджы зӕххы аргъ бафыстой, Хуыцау мын куыд загъта, афтӕ».
Афтӕ сӕххӕст ис, пехуымпар Йеремиайы уылты цы загъдӕуыд, уый: «Ӕмӕ райстой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы — Израилы фырттӕ Йын цы аргъ скодтой, уый.
Уыцы рӕстӕг хӕйрӕг Иудӕйы, Симон Искариоты фырты, Йесойы ауӕй кӕныныл сардыдта.