Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 11:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕппӕт адӕмтимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехалыны тыххӕй Мӕ хӕрзаудӕны лӕдзӕг райсдзынӕн ӕмӕ йӕ ныссӕтдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 11:10
20 Iomraidhean Croise  

Давид ӕмӕ Вирсавийы ӕрӕмуаты фӕстӕ Давидмӕ пехуымпар Натан куы бацыди, уӕд.


Фӕлӕ нӕ Дӕ номы сӕраппонд ма аппар, Дӕ кадджын паддзахы бадӕн ӕгады бынатмӕ ма ’руадз. Немӕ кӕй сарӕзтай, уыцы фидыд ӕрымыс, ма йӕ фехал.


цӕмӕй ӕз Израилы адӕмӕн зӕгъон: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз фӕчъизи кӕндзынӕн Мӕ Кувӕндон — уӕ хъомысы цӕджындз, уӕ цӕстырухс, уӕ удлӕууӕн. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, сахары кӕй ныууагътат, уыдон, карды амӕттаг бауыдзысты“.


Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.


Уӕд Дунедарӕг загъта: «Сӕвӕр ыл ном Лоамми, уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ адӕм не стут, ӕмӕ Ӕз нӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау».


Ӕз хиздзынӕн ӕргӕвдинаг фысты, ӕцӕгӕйдӕр мӕгуыр чи у, уыдоны. Мӕхицӕн райсдзынӕн дыууӕ лӕдзӕджы, иу дзы схондзынӕн хӕрзаудӕн, иннӕ та — фидыд ӕмӕ уыдонӕй фысты хиздзынӕн.


Дыууиссӕдз боны дӕргъы бӕстӕуынӕг уыдыстут ӕмӕ дыууисӕдз азы дӕргъы, уыцы бонты нымӕцмӕ гӕсгӕ, алы боны ныхмӕ — афӕдз, фиддзыстут уӕ тӕригъӕд, цӕмӕй бамбарат, Мӕ ныхмӕ рацӕуын цы у, уый“.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕн, афтӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты.


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan