Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 10:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕз Иудӕйы байзӕддӕгты сфидар кӕндзынӕн, Йосефы хӕдзарӕн ирвӕзындзинад ратдзынӕн ӕмӕ сӕ раздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын ныххатыр кодтон. Цыма сӕ никуы ныууагътон, афтӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ Дунедарӕг Хуыцау дӕн ӕмӕ сӕ фехъусдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 10:6
39 Iomraidhean Croise  

Йӕ тырыса сисдзӕни адӕмты раз ӕмӕ тард израилӕгты, стӕй, чи ныххӕлиу ис, уыцы иудейӕгты — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй — ӕрбаздахдзӕни зӕххы цыппар кӕронӕй.


Йӕ кӕрон ӕрӕввахс, бирӕ рӕстӕг ын нал ис. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йаковы байзӕддагӕн, ногӕй та равзардзӕн Израилы адӕмы, сӕ зӕхмӕ сӕ ӕрбаздахдзӕн. Ӕндӕрбӕстӕгтӕ сӕм ӕнгом балӕудзысты ӕмӕ баиу уыдзысты семӕ.


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Ма тӕрс! Нырӕй фӕстӕмӕ нал хӕсдзынӕ ӕгады ном. Мацӕмӕйуал ӕфсӕрмы кӕн! Нал дыл сбаддзӕни фидиссаджы ном. Де ’взонджы худинаг дӕ ферох уыдзӕни, дӕ идӕдзы бонты фидистӕ дӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрӕфтдзысты.


Мӕ маст дӕм куы ссыгъди, уӕд дыл Мӕхи атигъ кодтон, фӕлӕ дын ныр мыггагмӕ ныббардзынӕн. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг.


Йӕ заманы Иудей фервӕздзӕн, Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй, схондзысты йӕ «Дунедарӕг — нӕ растгӕнӕг».


Уыцы заман Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Израилы фӕстагӕттӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ цӕгаты зӕххӕй, Ӕз уӕ фыдӕлтӕн исбонӕн кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ ацӕудзысты».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз ногӕй айтындздзынӕн Йаковы цатыртӕ, йӕ хӕдзӕрттӕн ын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн; сахар ногӕй сырӕздзӕни хӕлддзӕгты кӕритӕй, ӕмӕ галуан йӕ бынаты ӕрлӕудзӕн.


Сӕ фырттӕ раздӕры хуызӕн суыдзысты, се ’хсӕнад ӕрфидар уыдзӕн Мӕ разы. Ӕз сын се ’фхӕрджыты бафхӕрдзынӕн.


«Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм».


«Ау, Ефрем Мӕ зынаргъ фырт нӕу? Ау, Мӕ уарзон хъӕбул нал у? Фыдбылызтӕ йын арӕх ӕвзарын кодтон, фӕлӕ Мӕ рох нӕу. Мысын ӕй, ныххатыр ын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ сараздзынӕн Ног Фидыд.


Ныббирӕ уыл кӕндзынӕн уӕ адӕм ӕмӕ фос. Уыдон цот уадздзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты. Раздӕры заманау уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм ӕмӕ уын раздӕры заманӕй фылдӕр хӕрзтӕ ратдзынӕн. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ахӕм хорзы дӕр ма бацӕудзынӕн Израилы адӕмӕн, ӕмӕ сӕ сбирӕ кӕндзынӕн фосы дзугау.


«Уӕ адӕймаджы фырт, райс лӕдзӕг ӕмӕ йыл ныффысс: „Иудӕйӕн ӕмӕ йе ’мцӕдисон израилӕгтӕн“. Ноджы ма иу лӕдзӕг райс ӕмӕ ууыл та ныффысс: „Йосеф, Ефрем ӕмӕ Израилы иннӕ адӕмӕн, се ’мцӕдисонтӕн“.


Фӕлӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр уацарӕй суӕгъд кӕндзынӕн Йаковы байзӕддаджы, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕппӕт Израилы адӕмӕн ӕмӕ Мӕ уаз ном фегад кӕнын нал бауадздзынӕн.


Иудейӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ иумӕ ӕрбамбырд уыдзысты, сӕхицӕн иу фӕтӕджы сӕвӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕстӕй рацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ Изреелмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр фидӕн.


Иудӕйы байзӕддаг та хатыргонд уыдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн — кард, ӕрдын, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджыты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, хъаруйӕ».


Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй».


Мӕхицӕн ӕй байтаудзынӕн зӕххы, ӕмӕ уӕд Ӕнӕхатыргондӕн ныббардзынӕн. Мӕн чи нӕу, уыцы адӕмӕй Ӕз зӕгъдзынӕн «Мӕ адӕм», уыдон та Мын зӕгъдзысты: «Ды — нӕ Хуыцау».


Йаковы байзӕддаг фестдзӕнис арт, Йосефы байзӕддаг — арты ’взӕгтӕ, Исавы байзӕддаг та — хъӕмп. Арт ыл бандзардзысты ӕмӕ йӕ фесафдзысты, Исавы байзӕддагӕй ничиуал баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ Дунедарӕг загъта.


Сыст ӕмӕ райдай ссын, Сионы чызг! Ӕфсӕйнаг сыкъатӕ, ӕрхуы сӕфтджытӕ дын скӕндзынӕн, ӕмӕ бирӕ адӕмты басӕтдзынӕ. Сӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ сын сӕ исбон фесафдзынӕ — Дунедарӕгӕн, ӕппӕт зӕххы Дунедарӕгӕн сӕ снывонд кӕндзынӕ.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн къуылыхты, алырдӕм кӕй фӕсырдӕуыд ӕмӕ фыдбылызтӕ кӕуыл ӕруагътон, уыцы адӕмы баиу кӕндзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныууадздзӕнис рӕстӕгмӕ, цалынмӕ, ӕнхъӕлцау Чи у, уый ныййара, уӕдмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ, израилӕгты ’фсымӕртӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕм фӕстӕмӕ раздӕхдзысты.


Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.


Адӕмтӕ уый куы феной, уӕд, цыфӕнды хъомысджын куы уой, уӕд дӕр къӕмдзӕстыгӕй баззайдзысты; сӕ дзыхтӕ ахгӕндзысты къухӕй, сӕ хъустӕ бакъуырма уыдзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕ хорзӕх ӕруадздзынӕн Йерусалимыл, Мӕ Кувӕндон дзы арӕзт ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Йерусалимыл зӕхбарӕн синаг айтындздзысты.


Дунедарӕджы хъомысы фӕрцы стыхджын уыдзысты, размӕ сӕ кӕндзӕни Йӕ ном, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»


Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдонмӕ раздӕры цӕстӕй нал кӕсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Уыцы бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ адӕмы фыстау фервӕзын кӕндзӕн; кады худы зынаргъ дуртау сӕрттивдзысты Йӕ зӕххыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan