5 Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, хӕсты рӕстӕг уынджы рыг цы хӕстонтӕ фессӕндынц, уыдоны ’нгӕс суыдзысты. Дунедарӕг семӕ уыдзӕн, ӕмӕ бӕхӕфсад фӕхудинаг кӕндзысты.
Зӕххы рыгау сӕ дымгӕмӕ ныддардтон, уынгты цъыфау сӕ мӕ къӕхты бын бассӕстон.
Ныррызт ӕмӕ нынкъуысти зӕхх, хӕхтӕ фенкъуыстысты сӕ бындурӕй, ризӕг сыл бахӕцыд Йӕ азарӕй.
Йегу сын загъта: «Раппарут уыцы сылгоймаджы!» Раппӕрстой йӕ, ӕмӕ куы ’рхауди, уӕд йӕ туг бакалди галуаны къулыл ӕмӕ бӕхтыл. Йӕ бӕхы къӕхты бын ӕй фӕкодта Йегу.
Арфӕгонд у Дӕуӕй ӕнусмӕ, Дӕ цӕсгомы рухсӕй райы йӕ зӕрдӕ.
Дунедарӕг раст лӕгмӕ ӕркӕсы ӕмӕ йын фехъусы йӕ дзыназын,
Дӕ уӕрдоны ӕрбад — ӕцӕгад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады сӕраппонд. Дӕ хъомысджын къух стыр хъуыддӕгтӕ саразӕд.
Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕтӕрсдзыстӕм, зӕхх куы сӕнкъуыса ӕмӕ хӕхтӕ фурды арфмӕ куы ныккӕлой,
Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.
Дунедарӕг Йӕ арм дардзӕни Сионыл. Моав ссӕст ӕрцӕудзӕн, хъӕмп фаджысы куыд ныссӕндынц, уыйау.
Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!
Уӕ фыдгулты уӕ цӕсты кӕронӕй дӕр нал фендзыстут. Уӕ ныхмӕ чи хӕцы, уыдон зыбыты ницӕмӕ ӕрцӕудзысты.
Ӕз рӕстӕвзары ракодтон цӕгатӕй, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Скӕсӕнӕй Мӕм кувы. Цъыфау йӕ къӕхты бын ссӕнды барджынты, дурынгӕнӕг ӕлыг куыд фӕнӕмы, афтӕ.
Хӕстмондагӕй цъӕх арт уадзут, фӕлӕ ризут, адӕмтӕ! Ӕрбайхъусут, дард бӕстӕтӕ! Хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут, хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут!
ӕмӕ рацӕудзынӕ дӕ бынатӕй, дард цӕгатӕй, демӕ — ӕнӕнымӕц адӕмтӕ бӕхтыл, стыр ӕмӕ тыхджын ӕфсад.
Фатӕхсӕг уа, фистӕг уа, бӕхджын — иунӕг дӕр нӕ аирвӕздзӕн.
Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.
Ме знаг дӕр уыдӕттӕ фендзӕнис ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Кӕм ис дӕ Дунедарӕг Хуыцау?» Уынджы йӕ цъыфау куыд бассӕнддзысты, уымӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзынӕн.
паддзӕхтӕн сӕ паддзахы бадӕнтӕ дӕлӕмӕ раппардзынӕн, ӕцӕгӕлӕтты паддзахӕдтӕн сӕ хъару басӕтдзынӕн, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕд хӕстонтӕ сфӕлдахдзынӕн, бӕхтӕ ӕмӕ сӕ барджытӕ цагъды фӕуыдзысты, кӕрдтӕ кӕрӕдзимӕ сисдзысты бӕхджынтӕ.
Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз алы бӕх ӕмӕ алы барӕджы сӕрра кӕндзынӕн, адӕмты бӕхты бакуырм кӕндзынӕн, Иудӕйы хӕдзармӕ та Мӕ цӕст дардзынӕн.
Уыцы бон Дунедарӕг Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, сӕ лӕмӕгъдӕр Давидау стыхджын уыдзӕн. Давиды хӕдзар та, йӕ разӕй чи цӕуы, уыцы Хуыцауы, Дунедарӕджы зӕды ӕнгӕс суыдзӕни.
Уыцы бон Дунедарӕджы фӕндӕй адӕмтӕ сызнӕт уыдзысты, кӕрӕдзимӕ лӕбурдзысты, алчи йӕ хионыл дӕр нал ауӕрддзӕн.
Уӕд Дунедарӕг уыцы адӕмты ныхмӕ сыстдзӕни, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ.
Иудӕ фестдзӕнис Ме ’рдын, Ефрем — Мӕ фат. Сион, дӕ фыртты дын грекъӕгты ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн, хӕстон хъама Мын фестдзынӕ.
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Уӕд Ӕм хӕйрӕг ӕрбацыд ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ».
Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый уыди тыхджын пехуымпар Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз.
Иу цавӕрдӕр александриаг иудейаг, йӕ ном — Аполлос, ӕрцыд Эфесмӕ. Аполлос уыди дзырдарӕхст лӕг, хорз зыдта Сыгъдӕг Фыст.
Моисейы сахуыр чындӕуыд, мысыраг куырыхонтӕ цы зыдтой, ӕппӕт уыдӕттыл, уый уыдис тыхджын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр.
Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты, уыдонӕн сӕ мидӕг ис Хуыцауы тых, ӕмӕ уый та фидӕрттӕ ныппырх кӕны.
Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис!
Фӕлӕ мӕм Бардарӕг ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй Фарны Уац мӕн уылты хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй мӕ Уый фервӕзын кодта домбайы дзыхӕй.
Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон.
Уыцы бон куыд байхъуыста Дунедарӕг адӕймаджы курдиатмӕ, афтӕ йӕм уымӕй размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр никуы байхъуыста. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд израилӕгты сӕрыл.
Иу ныббырстӕй Йешуа басаста ӕппӕт паддзӕхты дӕр ӕмӕ сын бацахста сӕ зӕххытӕ. Уый Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы адӕмы сӕрыл.
Ӕз федтон, хурыл чи лӕууыд, уыцы зӕды. Уӕлиӕутты цы мӕргътӕ тахтысты, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр зӕд ныхъхъӕр кодта: «Ратӕхут, ӕрӕмбырд ут Хуыцауы стыр куывдмӕ!
Уӕд ын йӕ дӕлдӕртӕй иу загъта: «Ӕз зонын вифлеемаг Йессейы фырты: дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг, ныфсхаст лӕппу, ӕхсарджын хӕстон, дзырдарӕхст ӕмӕ хӕрзконд, Дунедарӕг ыл ауды».