Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 10:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Мысыры зӕххӕй сӕ раздахдзынӕн, Ассирийӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Галаад ӕмӕ Ливанмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уым дӕр бынат нал фаг кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 10:10
16 Iomraidhean Croise  

Чысыл къордӕй рантысын кӕндзынӕн минтӕ, цауд адӕмы скӕндзынӕн хъомысджын. Афон куы ’рцӕуа, уӕд Ӕз, Дунедарӕг, уыцы хъуыддаг сараздзынӕн уадидӕгӕн».


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг иудейаг паддзахы хӕдзары тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ды Галаад ӕмӕ Ливаны хӕхтау лӕууыс Мӕ разы, фӕлӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ сахарты цӕрӕг нал баззайдзӕн.


Израилы та йӕ раздӕры сӕрвӕтмӕ раздахдзынӕн, Кармел ӕмӕ Башаны хиздзӕн, Ефремы хӕхты ӕмӕ Галаады йӕхи бафсаддзӕн.


Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.


Ӕрбатӕхдзысты йӕм мӕргътау Мысырӕй, бӕлӕттау — Ассирийӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз сӕ хӕдзӕртты ӕрцӕрын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕмӕ Израилы хӕстонтӕй уымӕй размӕ сӕ зӕххӕй хаст чи ’рцыди, уыдон Ханааны зӕхх Сарептӕйы онг бацахсдзысты. Йерусалимӕй кӕй ракодтой ӕмӕ ныр Сефарады чи цӕры, уыдон та райсдзысты хуссайраг сахартӕ.


Хиз Дӕ лӕдзӕгӕй Дӕ адӕмы, Дӕ исбоны дзуг, хибарӕй Кармелы хъӕдты чи ӕрцардис, уыдоны. Уадз ӕмӕ та, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Башан ӕмӕ Галаады хизой!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн Мӕ адӕмы скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕны бӕстӕтӕй,


ӕрбакӕндзынӕн сӕ, ӕмӕ цӕрдзысты Йерусалимы. Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та сын уыдзынӕн иузӕрдион ӕмӕ раст Хуыцау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan