Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 1:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ӕхсӕвы ӕз федтон ахӕм ныв: тӕрфы, мирт бӕлӕсты ’хсӕн, иу барӕг сырх бӕхыл лӕууыд, йӕ фӕстӕ та — сырх, морӕ ӕмӕ урс бӕхтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 1:8
26 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у».


Ӕхсӕвы йӕм Хуыцау ӕргом рацыди ӕмӕ йӕм фӕсидти: «Йаков! Йаков!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».


Гивоны йӕм уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур!»


Уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕт сахартӕн дӕр ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн дӕр фехъусын кодтой: фӕцӕут хохмӕ ӕмӕ дзы ӕрхӕссут оливӕ бӕласы къалиутӕ дӕр, хъӕддаг оливӕ бӕласы къалиутӕ дӕр, мирты къалиутӕ дӕр, пальмӕйы къалиутӕ дӕр, иннӕ фӕтӕнсыф бӕлӕсты къалиутӕ дӕр ӕмӕ сӕ, фыст куыд у, афтӕ халагъудтӕ саразут.


Адӕм тарф фынӕй куы кодтой, уӕд мыл ӕхсӕвы ӕнӕнцой цӕстылуайӕнтӕй


— Мӕ уарзон мӕн у, ӕз та уый дӕн, йӕ дзуг кӕркусӕгты ’хсӕн хизы.


— Мӕ уарзон йӕ дыргъдонмӕ ныццыди, дидинджыты хӕрздӕфгӕнаг къохмӕ; уым хиздзӕнис йӕ дзуг, кӕркусӕгтӕ ӕмбырд кӕндзӕнис.


Ӕдзӕрӕг быдыры ныссадздзынӕн кедртӕ, акъацитӕ, миртытӕ, оливӕ бӕлӕстӕ, тыгъд быдыры — кипаристӕ, цымтӕ ӕмӕ тӕрс бӕлӕстӕ,


Сындзкъутӕры бӕсты ӕрзайдзӕни кипарис, пысырайы бӕсты та — мирт. Ӕмӕ уый уыдзӕни Дунедарӕджы кадӕн, уыдзӕни мыггагмӕйы ӕвдисӕйнаг, ӕнӕфехалгӕ нысан.


Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.


Уыцы ӕхсӕв Даниил федта цӕстылуайӕн, ӕмӕ йын сусӕгдзинад раргом чындӕуыд. Даниил Хуыцауӕн арфӕ ракодта:


Ноджы ма мӕ фыны федтон: чидӕр Адӕймаджы Фырты хуызы ӕврӕгътыл ӕрцӕйцыди. Куы ӕрбахӕстӕг, уӕд Ӕй Ӕнусты Цӕрӕджы размӕ бакодтой.


Даниил йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Ӕхсӕвы ӕз цӕстылуайӕны федтон, цыппар уӕларвон дымгӕйы денджыз куыд змӕнтынц, уый.


Мирт бӕлӕсты ’хсӕн цы лӕг лӕууыд, уый загъта: «Дунедарӕг зӕххыл ӕрзилынмӕ кӕй рарвыста, уыдон сты».


Уӕд бӕхтӕ Дунедарӕджы зӕдӕн афтӕ зӕгъынц: «Мах ӕрзылдыстӕм зӕххыл, ӕгасӕй дӕр у сабыр ӕмӕ ӕнцад».


Иуӕндӕсӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, шеваты мӕйы, Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас.


«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.


Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.


Иуахӕмы Йерихонмӕ хӕстӕг Йешуа кӕсы, ӕмӕ йӕ фӕндагыл кардӕлвӕстӕй лӕг лӕууы. Йешуа йӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Нӕ хӕлар дӕ ӕви не знаг?»


Эфесы аргъуаны зӕдмӕ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы Чи дары, авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны ӕхсӕн Чи цӕуы, Уый афтӕ зӕгъы:


Ӕз федтон урс бӕх; йӕ барӕгмӕ уыдис ӕрдын. Кады худ ын лӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ уӕлахиздзауӕй рацыд, куыд фӕуӕлахиз уа, афтӕ.


Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, ӕртхуыз бӕх; йӕ барӕгӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырад айсыны бар, цӕмӕй марой кӕрӕдзи; ӕмӕ йӕм радтой стыр цирхъ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan