Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 1:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 1:6
46 Iomraidhean Croise  

Афтӕ сӕххӕст ис Дунедарӕджы ныхас, кӕддӕр Йегуйӕн кӕй загъта, уый: «Дӕ фырттӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг баддзысты Израилы паддзахы бадӕны».


Уӕхи ӕрӕмбарут, фыддзинад ма ’руадзут, ӕрбайхъусут, ме ’рдыгӕй ис рӕстдзинад!


Йе ’хсарджын фатӕхсджытӕй дӕр бирӕтӕ нӕ аирвӕздзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.


Мӕ цагъарӕн сфидар кӕнын йӕ пехуымпар ныхас, сӕххӕст кӕнын Ме ’рвыст лӕгты дзырд. Ныр Йерусалимӕн зӕгъын, дӕ мидӕг та ӕрцӕрӕнт адӕм, зӕгъгӕ. Иудейы сахартӕн дӕр зӕгъын, ногӕй та арӕзт ӕрцӕудзыстут, уӕ кӕлддзӕгты бынаты ног хӕдзӕрттӕ сараздзынӕн, зӕгъгӕ.


«Дойны кӕмӕн у — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ нуазӕнт! Ӕхца уӕ кӕмӕ нӕй — ардӕм рацӕуӕнт ӕмӕ лӕвар исӕнт сӕн ӕмӕ ӕхсыр! Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы.


Гъе ахӕм хъысмӕт ис, Ӕз цы ныхас фӕзӕгъын, уымӕн дӕр. Пайда не ’рхӕсгӕйӕ Мӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы, фӕлӕ Мын сӕххӕст кӕны Мӕ фӕндон, саразы, цӕй тыххӕй йӕ рарвыстон, уый».


Дунедарӕгӕн Йӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ, Йӕ зӕрды цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны ӕххӕстӕй бамбардзыстут.


Фӕлӕ зонут: куы мӕ амарат, уӕд уӕхи дӕр, стӕй ацы сахар ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ӕнаххос адӕймаджы тугӕй фӕчъизи кӕндзыстут! Уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг уын зӕгъын, ацы ныхӕстӕ уын хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕнынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг».


Ӕмӕ уыцы азы ӕвдӕм мӕйы пехуымпар Хананиа амарди.


Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс.


«Райс ӕндӕр тухгӕ чиныг ӕмӕ, паддзах Иоаким цы чиныг басыгъта, уымӕн йӕ ныхӕстӕ ногӕй ныффысс.


«Ацу ӕмӕ эфиопаг Еведмелехӕн зӕгъ: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы сахарӕн Ӕз рагацау цы снысан кодтон, уый ныр сӕххӕст кӕндзынӕн — йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн. Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд, Мӕ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый дӕхи цӕстӕй фендзынӕ.


Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Дунедарӕджы сӕраппонд уӕхицӕн сунӕт скӕнут! Уӕ зӕрдӕтӕн скӕнут сунӕт, цӕмӕй уӕ фыдракӕндты аххосӕй Мӕ маст ма ссудза артау, ӕнӕахуысгӕ зынгирвӕзтау.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: сымах федтат, Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕй алкӕмӕн дӕр цы бӕллӕхтӕ бавзарын кодтон, уый. Хӕлддзӕгтӕ систы ныр, ничиуал дзы цӕры.


Ӕрмӕстдӕр дзы иуӕй-иутӕ аирвӕздзысты кардӕй ӕмӕ Мысыры зӕххӕй Иудеймӕ раздӕхдзысты. Ӕмӕ уӕд, Мысырмӕ цӕрынмӕ чи ’рбацыди, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕза, уыдон базондзысты, Мӕн ӕви уыдоны ныхас сӕххӕст ис, уый.


Мӕнӕ уын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы зӕххыл уӕ кӕй бафхӕрдзынӕн, уый нысан. Зонут: Мӕ ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты уӕ фыдбылызӕн.


Ӕмӕ сыл уӕд Мӕ судзгӕ маст ныккалди, Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты пиллон артӕй ссыгъд, хӕлддзӕгтӕ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестадысты.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: «Афтӕ кӕй дзурынц, уый тыххӕй Ӕз Мӕ ныхӕстӕ арт фестын кӕндзынӕн дӕ дзыхы, ацы адӕм та фестдзысты сугтӕ, ӕмӕ сӕ уыцы арт аныхъуырдзӕн.


О, Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхон раст у, — нӕ Йӕм хъуыстон! О, байхъусут-ма, адӕмтӕ! Мӕ хъизӕмармӕ мын ӕрбакӕсут: мӕ чызджытӕ, мӕ лӕппутӕ, уӕ, уацары куы фӕцӕуынц!


Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ фӕндон, рагзаманы цы загъта, уый ӕрцыди, — ӕгъатырӕй дӕ ныр дӕрӕн кӕны, фыдгултӕн дӕ хынджылӕггаг скодта. О, радта сын уӕлахиз!


Тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, нӕ Дӕм хъуыстам, — Ды нын нӕ ныббарстай!


Уым ӕрымысдзыстут уе ’ппӕт фӕндӕгтӕ ӕмӕ уе ’ппӕт митӕ, уӕхи-иу кӕмӕй фӕчъизи кодтат, уыдон ӕмӕ уе ’наккаг митыл ӕрхуддзыстут.


Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ сты Израилы ӕппӕт адӕм. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, бахус сты не стджытӕ, асасти нӕ ныфс, не сӕфт ӕрцыд».


Паддзах йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: „Паддзах Навуходоносор, байхъус! Дӕ паддзахдзинадӕн йӕ кӕрон ӕрцыд.


Мӕ азары бон Ефрем ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Уый Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн хъусын кӕнын Ӕз.


«Гилгалы райдыдтой сӕ фыдмитӕ. Уым Мын фенӕуынон сты. Сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ Ӕз Мӕ Хӕдзарӕй фӕсурдзынӕн, нал сӕ уарздзынӕн — сӕ фӕтӕгтӕ мыл атигъ кодтой сӕхи.


Мӕ адӕмӕй тӕригъӕдджын чи у, фыдбылыз нӕм ӕввахс не ’рбацӕудзӕн, зӕгъгӕ, чи дзуры, уыдон иууылдӕр карды цӕфӕй цагъды фӕуыдзысты.


Иуӕндӕсӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, шеваты мӕйы, Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас.


Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.


Хуыцау адӕймаг нӕу — мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕны, адӕмы хуызӕн Йӕ хъуыды нӕ ивы. Зӕгъа ӕмӕ ма бакӕна? Зӕрдӕ бавӕра ӕмӕ Йӕ ныхас ма сӕххӕст кӕна?


Афтӕ куынӕ бакӕнат, уӕд та тӕригъӕдджын уыдзыстут Дунедарӕджы раз, ӕмӕ уӕ уыцы тӕригъӕды азар кӕй баййафдзӕн, уый зонут.


Ӕмӕ уӕд, уыдонӕн цы хъавыдтӕн, уый Ӕз сымахӕн бакӕндзынӕн».


Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ, абон уын ӕз кӕй дзурын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕтк куынӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уыл мӕнӕ ацы ӕлгъыстытӕ ӕрцӕудзысты.


Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай, уӕд дыл мӕнӕ ацы арфӕтӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты.


Дунедарӕджы ӕлгъыст дӕ баййафдзӕн ӕмӕ, цӕмӕдӕриддӕр бавналай, дӕ къухты алы фыдӕбон дӕр дын уыдзӕн маст ӕмӕ фыдбылызы хос. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй, Мӕныл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уый тыххӕй рӕхджы фесӕфдзынӕ, мыггагыскъуыд фӕуыдзынӕ.


Ацы ӕлгъыстытӕ уыл иууылдӕр ӕрцӕудзысты. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ кӕй нӕ кастыстут, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк кӕй не ’ххӕст кодтат, уый тыххӕй уӕ фӕдыл ӕфтыд уыдзысты ӕмӕ уӕ уӕгъд не суадздзысты, цалынмӕ бындзагъд фӕуат, уӕдмӕ.


Сымах та, ӕфсымӕртӕ, талынджы нӕ цӕрут, цӕмӕй уӕ уыцы бон хуыснӕгау ӕдзӕттӕйӕ ӕрӕййафа.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan