5 Кӕм сты ныр уӕ фыдӕлтӕ? Науӕд пехуымпартӕ ӕнусмӕ цӕрдзысты?
Елисей мӕлӕтдзаг низӕй фӕрынчын ис. Куы ӕруатон, уӕд ӕй Израилы паддзах Йоаш бабӕрӕг кодта ӕмӕ йӕ сӕрмӕ фӕкуыдта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды куы дӕ Израилӕн йӕ хӕстон уӕрдон дӕр ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг дӕр!»
Елисей амарди, ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой. Иннӕ аз Израилмӕ ӕрбалӕбурдтой моавӕгты ӕрдонгтӕ.
ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.
Ӕрмӕстдӕр фӕлтӕртӕ ивынц кӕрӕдзи, фӕлӕ зӕхх уыцы иухуызонӕй лӕууы.
Искуыдӕм бӕрзонд схизынмӕ йӕ ныфс нал хӕсдзӕн, цӕугӕ дӕр кӕндзӕн тӕрсгӕ-ризгӕйӕ. Йӕ дзыккутӕ ӕхсӕр бӕласы дидинджытау сурс уыдзысты, цъырцъыраг дӕр ӕм уӕззау кӕсдзӕн, йӕ монцтӕй ницыуал баззайдзӕн. Афтӕмӕй йе ’нусон хӕдзармӕ ацӕудзӕн, фӕндагыл йӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты хъарӕггӕнджытӕ.
уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.
«Райс ӕндӕр тухгӕ чиныг ӕмӕ, паддзах Иоаким цы чиныг басыгъта, уымӕн йӕ ныхӕстӕ ногӕй ныффысс.
Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, ныр уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фидӕм мах!
Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Ныр мах бӕлвырд зонӕм, Ды хӕйрӕджы ахӕсты кӕй дӕ, уый. Суанг ма Авраам ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды афтӕ куыд зӕгъыс, Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн, зӕгъгӕ?
Фӕлӕ Хуыцау цы снысан кодта, уый Давид йӕ заманы куы сарӕзта, уӕд амард, йӕ фыдӕлтимӕ ныгӕд ӕрцыд ӕмӕ бамбыди.
Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы,
Самуел амарди. Ӕрӕмбырд сты Израилы адӕм, фӕхъыг ыл кодтой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ райгуырӕн сахары, Рамайы. Давид араст ис Параны ӕдзӕрӕг быдырмӕ.