Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 1:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ӕз бафарстон: «Адон та цы кусынмӕ фӕцӕуынц?» Уый мын дзуапп радта: «Уыцы сыкъатӕ Иудейы цӕрджыты алырдӕмты ныххӕлиу кодтой, ӕмӕ дзы йӕ сӕр сисын дӕр ничиуал уӕнды. Адон та сӕм цӕуынц фӕтӕрсын кӕнынмӕ, Иудӕйы ныхмӕ сӕ сыкъа цы адӕмтӕ систой, уыдонӕн сӕ сыкъатӕ ныссӕттынмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 1:21
6 Iomraidhean Croise  

Ды, Хуыцау, тӕрхон кӕнын куы райдыдтай ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы сӕрыл куы рахӕцыдтӕ, уӕд.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Куыд бӕллиццаг у Дӕ цӕрӕн бынат!


Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ фӕндон, рагзаманы цы загъта, уый ӕрцыди, — ӕгъатырӕй дӕ ныр дӕрӕн кӕны, фыдгултӕн дӕ хынджылӕггаг скодта. О, радта сын уӕлахиз!


Ӕз ын фехъуыстон йӕ дзуапп. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ сдаргӕйӕ, Ӕнусты Цӕрӕгӕй расомы кодта: «Ӕмгъуыд, дыууӕ ӕмгъуыды ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕджы фӕстӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ныхмӕ тох куы ничиуал кӕна, уӕд ӕппӕтӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕни».


Ӕмӕ, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Цы сты адон та?» Уый мын дзуапп радта: «Уыдон сты, Иудей, Израил ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты алы бӕстӕты цы сыкъатӕ ныххӕлиу кодтой, уыдон».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan