20 Уый фӕстӕ мын Дунедарӕг равдыста цыппар кусӕджы.
Ды сӕ фыдгулты къухмӕ радтай, ӕмӕ сӕ уыдон уынгӕг кодтой. Фӕлӕ-иу удаистӕй Дӕумӕ куы сдзынӕзтой, уӕд та-иу сӕм Ды уӕларвӕй ӕрыхъуыстай, Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ-иу сын ирвӕзынгӕнджытӕ ӕрӕрвыстай ӕмӕ та-иу сӕ уыдон се знӕгты къухӕй ирвӕзын кодтой.
Дӕсны куырд ӕфсӕйнаджы мур райсы, зынджытыл ӕй ӕртайын кӕны ӕмӕ йӕ дзӕбугӕй хойын райдайы. Йе ’ппӕт хъарутӕ йыл бахардз кӕны, бафӕллайы, бастайы, къӕбӕр ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕвӕййы, цалынмӕ уыцы ӕфсӕйнаджы мурӕй фӕрӕт саразы, уӕдмӕ.
Сионы хохмӕ ’рбацӕудзысты ирвӕзынгӕнджытӕ — Исавы хохӕн тӕрхон кӕнынмӕ, ӕмӕ ралӕудзӕнис Дунедарӕджы паддзахад.
Ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуыйӕ — де ’вдузӕнтӕ, дӕ хъару цӕргӕбонты — ӕвидигӕ“.
Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд суанг Сырх денджызы онг ӕдзӕрӕг быдырыл фӕцыдысты. Кадешмӕ куы бахӕццӕ сты,
Уый фӕстӕ та ногӕй ӕдзӕрӕг быдырыл ацыдысты, Едом ӕмӕ Моавы рӕзты ахызтысты. Моавӕй скӕсӕнӕрдӕм араст сты ӕмӕ Арноны фале рӕсӕнуат скодтой, Моавы зӕхмӕ нӕ бахызтысты, афтӕмӕй. Арнон та ис Моавы арӕныл.
Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.