2-3 «Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕм тынг мӕсты уыд, фӕлӕ ды ацы адӕмӕн фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: раздӕхут Мӕм ӕмӕ уӕм уӕд Ӕз дӕр раздӕхдзынӕн.
Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ цы загътон, уый куы фехъуыстай, — гӕныстон ӕмӕ ӕлгъыст сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц, — уӕд дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтай ӕмӕ дӕ цӕссыг калдтай Мӕ разы. Уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Фӕлӕ уӕддӕр Дунедарӕджы маст нӕ фӕкъаддӕр иудейӕгтӕм, уымӕн ӕмӕ Йӕ Менассиа тынг бафхӕрдта йе ’наккаг митӕй.
Не ’взӕр хъуыддӕгты ӕмӕ стыр азымы тыххӕй нӕ кӕд Дӕ азар баййӕфта, уӕддӕр нын Ды, нӕ Хуыцау, батӕригъӕд кодтай ӕмӕ нын не ’наккаг миты бӕрц нӕ фӕдӕ.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды псалом.
Уыдон ӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой, фӕлӕ Дын Дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстой, Де ’Гъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой, ӕмӕ сыл Ды ацы фыдбылызтӕ уымӕн ӕруагътай.
Ӕмӕ сыл уӕд Мӕ судзгӕ маст ныккалди, Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты пиллон артӕй ссыгъд, хӕлддзӕгтӕ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестадысты.
Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, ныр уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фидӕм мах!
Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Уыдӕтты тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныххуырсдзынӕн. Мӕ цӕст сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ сын нӕ ныббардзынӕн. Хъӕрӕй Мӕм куы дзыназой, уӕд дӕр сӕ нӕ фехъусдзынӕн».
ӕнӕмӕт адӕмтӕм Мӕ маст ссыгъд. Раздӕр сӕм уый бӕрц нӕ мӕсты кодтон, фӕлӕ сӕ фыдракӕндтӕ ноджы фылдӕр систы.
Сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой, цӕмӕй сӕм Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ Уды хъомысы руаджы пехуымпарты дзыхӕй цы Ӕгъдау ӕмӕ цы ныхӕстӕ ӕрвыста, уыдон ма хъусой. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг тынг смӕсты ис.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: уӕ фыдӕлтӕ Мӕ куы мӕсты кодтой, уӕд уӕ бафхӕрын сфӕнд кодтон ӕмӕ Мӕ фӕнд нӕ аивтон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы адӕймӕгты. Сымах та ныр Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат!