Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 1:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уӕд Дунедарӕджы зӕд загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Йерусалим ӕмӕ Иудӕйы сахартӕн кӕд ныббардзынӕ, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы сӕм Дӕ маст куы нӕма ссыд?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 1:12
24 Iomraidhean Croise  

Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йеремиайы уылты цы загъта, уый. Зӕхх дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы уыди гӕныстон, афтид, цалынмӕ, Израил цы сабаты азтӕ нӕ бӕрӕг кодта, уыдон нӕ баххӕст сты, уӕдмӕ.


Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын нӕ фӕвӕййы, нӕ азымтӕм гӕсгӕ нын нӕ бафиды.


Фыд йӕ хъӕбултыл куыд ауды, афтӕ ауды Дунедарӕг, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдоныл.


Дӕумӕ чи тырны, уыдон та цинӕй райӕнт, цин кӕнӕнт Дӕуыл! Дӕу чи агуры, уыдон иудадзыг дзурӕнт: «Стыр у Хуыцау!»


Ӕз та мыггагмӕ кад кӕндзынӕн ӕмӕ стаудзынӕн Йаковы Хуыцауы.


О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ адӕмы куывдтытӕм кӕдмӕ мӕсты кӕндзынӕ?


марынӕн ӕмӕ дзӕбӕх кӕнынӕн; халынӕн ӕмӕ аразынӕн;


Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.


Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.


Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».


Хынджылӕг чи кӕны, уыдоны ’хсӕн нӕ бадтӕн, мӕ рӕстӕг циндзинӕдты не ’рвыстон. Ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух, ӕмӕ иунӕгӕй бадтӕн, мастӕй мӕ кӕй байдзаг кодтай, уый тыххӕй.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн цы ӕвдай азы нысангонд ӕрцыд, уыдон куы фӕуой, уӕд уӕм ӕркӕсдзынӕн, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн — раздахдзынӕн уӕ ацы бынатмӕ.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз ногӕй айтындздзынӕн Йаковы цатыртӕ, йӕ хӕдзӕрттӕн ын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн; сахар ногӕй сырӕздзӕни хӕлддзӕгты кӕритӕй, ӕмӕ галуан йӕ бынаты ӕрлӕудзӕн.


Уыдонӕй иу, гӕн хъуымацӕй дарӕсы доны сӕрмӕ чи лӕууыд, уый, бафарста: «Ӕмӕ уыцы диссӕгтӕн сӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?»


О Дунедарӕг! Кӕдмӕ Дӕм сидон ӕз ӕххуысмӕ, цӕмӕй мӕ фехъусай? Фӕдисхъӕр Дӕм кӕдмӕ кӕнон, тыхгӕнӕгӕй кӕд фервӕзын кӕндзынӕ?


Ӕхсӕвы ӕз федтон ахӕм ныв: тӕрфы, мирт бӕлӕсты ’хсӕн, иу барӕг сырх бӕхыл лӕууыд, йӕ фӕстӕ та — сырх, морӕ ӕмӕ урс бӕхтӕ.


«Ацы бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн ӕмӕ сауджынтӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы фӕндзӕм ӕмӕ ӕвдӕм мӕйты, хъынцъымгӕнгӕйӕ, ком куы дардтат, уӕд уыдӕттӕ Мӕн тыххӕй кодтат?


Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.


Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan