Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 1:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уӕд бӕхтӕ Дунедарӕджы зӕдӕн афтӕ зӕгъынц: «Мах ӕрзылдыстӕм зӕххыл, ӕгасӕй дӕр у сабыр ӕмӕ ӕнцад».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 1:11
16 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» Уый загъта: «Зӕххы цъарыл ӕрзылдтӕн, кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ басгӕрстон».


О Дунедарӕг, дзуапп мын ратт, Ды хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион куы дӕ! Ӕркӕс мӕм, Дӕ хорзӕх бирӕ куы у!


Ныр зӕхх сулӕфыди иууылдӕр, цинӕй райы, йӕ цины хъӕр хъуысы!


Уӕд мын уый загъта: «Цӕмӕн дӕм ӕрцыдтӕн, уый зоныс? Ӕз хъуамӕ аздӕхон ӕмӕ дарддӕр тох кӕнон Персы хъахъхъӕнӕг зӕды ныхмӕ. Уый фӕстӕ та фӕзындзӕн Бердзены хъахъхъӕнӕг зӕд. Фӕлӕ уал дын ӕз, Ӕцӕгады чиныджы цы фыст ис, уыдӕттӕ бамбарын кӕндзынӕн. Уӕ сӕрхъуызой Михаелы йеддӕмӕ сӕ ныхмӕ мӕ фарс чи схӕца, уый нӕй.


Мирт бӕлӕсты ’хсӕн цы лӕг лӕууыд, уый загъта: «Дунедарӕг зӕххыл ӕрзилынмӕ кӕй рарвыста, уыдон сты».


ӕнӕмӕт адӕмтӕм Мӕ маст ссыгъд. Раздӕр сӕм уый бӕрц нӕ мӕсты кодтон, фӕлӕ сӕ фыдракӕндтӕ ноджы фылдӕр систы.


Ӕхсӕвы ӕз федтон ахӕм ныв: тӕрфы, мирт бӕлӕсты ’хсӕн, иу барӕг сырх бӕхыл лӕууыд, йӕ фӕстӕ та — сырх, морӕ ӕмӕ урс бӕхтӕ.


Ӕрбаввахс сты хъомысджын бӕхтӕ, зӕххыл ӕрзилынмӕ уыдысты цӕттӕ. Зӕд сын загъта: «Цӕугӕут ӕмӕ зӕххыл ӕрзилут». Ӕмӕ зӕххыл ӕрзилынмӕ ацыдысты.


Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕни Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын уыдон Йӕ Паддзахадӕй, йӕхӕдӕг тӕригъӕдджын чи уыди ӕмӕ ма искӕй дӕр тӕригъӕды фӕндагыл чи ардыдта, уыдоны иууылдӕр айсдзысты


Раст афтӕ уыдзӕн, дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дӕр: ӕрцӕудзысты зӕдтӕ, тӕригъӕдджынты фӕхицӕн кӕндзысты рӕстгӕнджытӕй


«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты.


Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.


Сымахӕн та, ныр зын уавӕры чи ис, уыдонӕн, махимӕ иумӕ удӕнцой ратдзӕнис, Бардарӕг Йесо Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллонкалгӕ арты мидӕг уӕлӕрвтӕй куы ’рцӕуа, уӕд.


Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan