10 Мирт бӕлӕсты ’хсӕн цы лӕг лӕууыд, уый загъта: «Дунедарӕг зӕххыл ӕрзилынмӕ кӕй рарвыста, уыдон сты».
Дунедарӕг ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» Уый загъта: «Зӕххы цъарыл ӕрзылдтӕн, кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ басгӕрстон».
Уӕд бӕхтӕ Дунедарӕджы зӕдӕн афтӕ зӕгъынц: «Мах ӕрзылдыстӕм зӕххыл, ӕгасӕй дӕр у сабыр ӕмӕ ӕнцад».
Ӕхсӕвы ӕз федтон ахӕм ныв: тӕрфы, мирт бӕлӕсты ’хсӕн, иу барӕг сырх бӕхыл лӕууыд, йӕ фӕстӕ та — сырх, морӕ ӕмӕ урс бӕхтӕ.
«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.
Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».
Уалынмӕ мигӕнӕны ӕрхуы сӕр хӕрдмӕ ссыди, ӕмӕ мӕнӕ мигӕнӕны бады сылгоймаг.
Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?