Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Захариа 1:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ӕстӕм мӕйы Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Захариа 1:1
17 Iomraidhean Croise  

Афтӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразыны куыст ӕрлӕууыд ӕмӕ Персы паддзах Дарийы паддзахиуӕджы дыккӕгӕм азмӕ размӕ нал ацыди.


Фӕлӕ пехуымпартӕ Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, Израилы Хуыцауы тыххӕй пехуымпар ныхас кодтой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрӕг иудейӕгтӕн.


Иддойы хӕдзары — Захариа, Гинетоны хӕдзары — Мешуллам,


Иддо, Гинетой, Авийа,


Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.


Уый уыди, паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уыцы заман, ӕхсӕзӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон.


Дарийы паддзахдзинадыл дыккаг аз куы цыди, уыцы заман, фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, Дунедарӕг пехуымпар Аггеймӕ раргом ис:


Фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон Дунедарӕг дыккаг хатт Аггейӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта:


Иуӕндӕсӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, шеваты мӕйы, Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас.


Дунедарӕг мын загъта:


Паддзах Дарий цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фарӕстӕм мӕйы цыппӕрӕм бон, кислевы мӕйы, Дунедарӕг Захариайӕн фехъусын кодта йӕ ныхас.


Уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл цы раст адӕмы туг фӕкалди, уый уын иууылдӕр фидинаг фӕуыдзӕн: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, суанг Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захариайы туджы онг.


Авелы тугӕй, нывондхӕссӕнӕй Кувӕндоны ӕхсӕн кӕй амардӕуыд, уыцы Захариайы туджы онг. О, зӕгъын уын, уый ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan