Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Титмӕ 3:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты тыххӕй ӕнӕсӕрфат ранымай-банымайӕ, Моисейы Ӕгъдауы фӕдыл быцӕутӕй ӕмӕ загъдӕй та дӕхи хиз — дзӕгъӕлы ӕмӕ ӕнӕпайда сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Титмӕ 3:9
10 Iomraidhean Croise  

Сӕнттӕ цӕгъдын дын не ’мбӕлди, быцӕугӕнгӕйӕ: куырыхон лӕг ахӕм ӕнӕуаг дзыхӕй нӕ дзуры.


Кӕд мӕм ис пехуымпар ныхас кӕныны курдиат, зонын ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ, ис мӕм алы зонынад, стӕй хӕхтӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын кӕй бон у, ахӕм уырнындзинад, уарзт та мӕм нӕй, — уӕд ӕз ницы дӕн.


Ныр та мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндты тыххӕй. Мах ӕмбарӕм, не ’ппӕтмӕ дӕр зонынад кӕй ис, уый. Фӕлӕ зонынад адӕймаджы хиуыл ӕввӕрсын кӕны, уарзондзинад та фидаргӕнӕг у.


Дӕхи хиз, ӕнӕуаг ӕмӕ ӕрмӕст зӕронд устытыл чи фидауы, ахӕм тутт ныхӕстӕй, фӕлӕ фӕлвар Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл.


Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл лӕууын кӕн ӕмӕ Хуыцауы раз фидарӕй фӕдзӕхс, цӕмӕй ӕнӕпайда быцӕу ныхас ма цӕуа — уыцы быцӕутӕ ӕрмӕстдӕр зиан ӕрхӕссынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн.


Ӕлгъаг ӕвдӕлон ныхӕстӕй дӕхи хъахъхъӕн. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдон дардӕй-дарддӕр кӕнынц Хуыцауӕй.


Ӕдзӕлгъӕд ӕмӕ ӕнӕфенд быцӕутӕй дӕхи хиз, — уыдон хъаугъатӕ кӕй расайынц, уый дын зындгонд у.


ӕмӕ ма хъусой иудейаг аргъӕуттӕм ӕмӕ ӕцӕгад ныууадзӕг адӕмы амындтытӕм.


Сымахмӕ фыдӕх ӕмӕ хъаугъатӕ кӕцӕй ис? Уӕ мидӕг кӕрӕдзиимӕ цы монцтӕ тох кӕнынц, уыдон сӕ нӕ расайынц, ӕви?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan