4 Фӕлӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау хӕрзаудӕнгӕнӕг ӕмӕ адӕмуарзаг кӕй у, уый куы раргом,
Мӕ уд цин кӕны Хуыцауыл, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл!
Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?
Павелӕй, Хуыцауы, нӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, ӕмӕ не ’нхъӕлц Йесо Чырыстийы фӕндӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй.
Афтӕ кувын хорз ӕмӕ фӕндон у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕн —
Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, сӕ Ирвӕзынгӕнӕг у.
ӕргом та абон раци — нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы ӕрцыд, уӕд; Уый фӕтых мӕлӕтыл ӕмӕ Фарны Уацы руаджы ӕрхаста мыггагмӕйы цард.
фӕлӕ Йӕ зӕрдӕбавӕрд Фарны Уацы руаджы раргом кодта Йӕхи нысангонд ӕмгъуыды. Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мӕнӕн баргонд у уыцы Фарны Уац адӕммӕ хӕссын.
Афтӕ куы уыдаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
Уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Бардарӕджы хорзӕхы ад.